филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:03 суббота, 21 сентября 2024
26 июля 2019, 15:55
Паддзахадон программæмæ гæсгæ цы гранттæ райстой, уыдонæй Рахизфарсы районы хъæууонхæдзарадон куыстуат самал кодта 120 дыгæрдыджы

Грантты æххуысæй ма фермертæ активонæй пайда кæнынц хъæууонхæдзарадон техникæйæ дæр

Паддзахадон программæмæ гæсгæ цы гранттæ райстой, уыдонæй Рахизфарсы районы хъæууонхæдзарадон куыстуат самал кодта 120 дыгæрдыджы. Афæдзы рдæгмæ стурвосы нымæц фæфылдæр. Фермерон хæдзарады кусы æхсыры завод, æмæ дзы кæнынц цыхтытæ дæр. Грантты æххуысæй ма фермертæ активонæй пайда кæнынц хъæууонхæдзарадон техникæйæ дæр. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Ацы фермерон хæдзарады афæдзы рдæджы размæ фæзындысты 120 дыгæрдыджы. Балхæдтой сæ, паддзахадон программæмæ гæсгæ цы гранттæ райстой, уыдонæй.

Афæдзы рдæгмæ стурвосы нымæц зынгæ фæфылдæр. Уымæ гæсгæ фæфылдæр уыдзæн æхсыры бæрц дæр.

Фермерон хæдзарады раз кусы æхсыры завод дæр. Цы æхсыр рдуцынц, уый æвæстиатæй хæтæлты уылты рауадзынц стыр резервуартæм. Уым æй ныууазал кæнынц æмæ йæ бацæттæ кæнынц уæй кæнынмæ. Заводы ма кæнынц цыхтытæ дæр.

Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй Рахизфарсы районы æмæ республикæйы æмтгæй райсгæйæ, фосдарынады къабазы цæуынц хуыздæрырдæм ивддзинæдтæ. Бæлвырддæр та – кæны парахатдæр. Уымæн æвдисæн – афæдзы рдæгмæ æхсыры куыст кæй фæфылдæр 180 проценты.

Грантты æххуысæй дарддæр, фермертæ активонæй пайда кæнынц хъæууонхæдзарадон техникæйæ дæр. Зæгъæм, ацы куыстуаты балхæдтой цалдæр ног машинæйы. Эксперттæ куыд зæгъынц, афтæмæй сын уый зынгæ æнцондæр кæны сæ куыст. Уый фæстæ та фадат дæтты продукцийы аргъ фæкъаддæр кæнынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania