филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:29 суббота, 21 сентября 2024
26 июля 2019, 16:02
Цыфыддæр азтæ, цыфыддæр рæстæг

Уæлдай сгуыхтдзинад чи равдыста, уыдонимæ уыд Советон Цæдисы хъæбатыр Махъоты Алихан.

Цыфыддæр азтæ, цыфыддæр рæстæг. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Советон адæм цы хъæбатырдзинад равдыстой, уый мысинæгтæ ныры æмæ фидæны фæлтæртæн хъуамæ уой дæнцæгæн хæссинаг. Фыдыбæстæйы сæраппонд цы лæгдзинаддзинад æвдыстой, уымæн æмбал нæй. Райгуырæн зæхх знагæй бахъахъхъæнынмæ æмхуызонæй сыстадысты Æрæфы районы фæсивæд дæр. Уæлдай сгуыхтдзинад чи равдыста, уыдонимæ уыд Советон Цæдисы хъæбатыр Махъоты Алихан. 

Махъоты Алихан райгуырдис 1922-æм азы 17-æм июлы Цыколайы. Скъола каст куы фæци, уæд куыста колхозы бухгалтерæй. Кæцæй йæ зыдта, цыбыр рæстæгмæ йæ цардвæндаг цæхгæр кæй аивдзæн, уый. Нудæсаздзыдæй, 1941-æм азы январы, ацыд Сырх Æфсадмæ. Каст фæцис Дзæуджыхъæуы дыккаг фистæгæфсæддон училищæ. Сси кæстæр лейтенант, уырдыгæй йæ йæ хæстон фæндæгтæ акодтой тугдзых бирæгъты ныхмæ тохмæ. 1942-æм азы январы ацыд фронтмæ пулеметон взводы командæгæнæгæй. Хæстæн йæ кæронмæ хæцыд 295-æм æхсæг дивизийы. Алихан цы скъолайы ахуыр кодта, уым немыцæгтæ сарæзтой госпиталь, фæлæ цæхæрцæст хистæр лейтенантæн уыцы цау йæ зæрдæ сыгъта. Æхсæвыгон-иу штабæй арæх æрцыд хъæумæ уавæр базонынмæ. Хъуыды–иу кодта фæшисттæй йæ фыды зæхх, йæ уарзон скъола куыдæй суæгъд кæной, ууыл. Йæ фыццаг майдан дæр ын радтой, уыцы хæсты сгуыхтдзинад кæй равдыста, уый тыххæй.

Кæд Махъойы-фырт авд хатты фæцæф, уæддæр-иу æрдæгыл хъуыддаг нæ ныууагъта. Йæ хæстон царды мысинæгтæ йын кæстæр фæлтæртæ зонынц æмæ сæ цæстыгагуыйау хъахъхъæнынц.

Махъоты Алик: «Алихан лæппуйæ дæр сæрæн уыд. Хæсты дæр, йæ уыцы сæрæдзинад бавдыста. Хстмæ куы цыди уæд ын йæ мад загъта, цæмæй фашистты ныппырх кæнай æмæ йын Гитлеры сахат æрбахæсса. Хæст куы фæци, уæд хъæуы йæ номыл скодтой стыр куывд æмæ уæд уым йæ мады бафарста йæ ныстуанæй, фæлæ йын йæ мад загъта, уыцы хъуыды йын разангарддзинадæн кæй бауагъта йæ уды. Алиханæн æцæгæйдæр бандтыст сæххæст кæныны йæ мады фæндон».

Советон Цæдисы хъæбатыр, дæлбулкъон цы стыр æвæрæн бахаста историмæ, уый æгæрон у. Йæ сæрæндзинад æмæ хъæбатырдзиды тыххæй йын бирæ хæрзиуджытæ æвæрд æрцыд.

Хуасдзауты Тазрет, Æрæфы районы «Стыр Ныхас»-ы сæрдар: «Уыд Сталины приказ цæмæй Днепрыл чи бахиза, уыдонæнæ радтой Советон цæдисы хъæбатыры ном, фæлæ Алиханæнæ цмæдæргæсгæ нæ радтой уыцы хæрзиуæг. Фæлæ йæ батальонимæ Германмæ куы бацыдысты уæд цы операци сарæзтой, уый тыххæй йын саккаг кодтой Советон Цæдисы хъæбатыры ном. Алиханы хорз зыдтон. Куыста алыхуызы бæрнон бынæтты. Уыд æцæг куырыхон ирон лæг. Адæмæй тынг бирæ уарзтой».

Хæсты фæстæ Алихæн ссыд йæ райгуырæн хъæумæ. 23 аздзыд лæппу æнæзивæгæй бавнæлдта цард аразынмæ. Цы бæрнон бынæтты куыста, уым йæ фæстæ ныууагъта рæсугъд фæд. Сæрбæрзонд дзы сты йе ппæт хæстæджытæ æмæ фæдонтæ. Цыколайы йæ номыл ис уынг æмæ скъола, Дзæуджыхъæуы цы хæдзары царди, уый къулыл та – номарæн фæйнæг. Махъоты Алиханы мæлæты бон бирæтæ хъуыды кæнынц, кад æмæ радимæ ныгæд æрцыд Цыколайы æфсымæрон ингæны. Йæ райгуырæн хъæу цы салдæттимæ хъахъхъæдта, уыдоны цур. Фæлæ йæ фæстæ ныууагъта фæрнджын, зæрдæргъæвд кæстæрты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania