филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:30 суббота, 21 сентября 2024
30 июля 2019, 13:31
Битарты Вячеслав байхъуыста адæмы фарстатæм

Æрбацыд æм 13 адæймаджы

Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав байхъуыста адæмы фарстатæм. Æрбацыд æм 13 адæймаджы. Сæ фылдæры фæндыд, цæмæй сын республикæйы сæргълæууæг баххуыс кæна куыст ссарыны хъуыддаджы, æнæниздзинад фæфидар кæнынæн, стæй царды зын уавæрты чи бахауд, уыдонæн алывæрсыг æххуыс бакæнын. Дзæуджыхъæуы цæрæг сылгоймагмæ æрæджы цы низ сбæрæг кодтой, уый фæдыл æй афæдз 2 хатты цæуын хъæуы Мæскуыйы дохтыртæм, фæлæ бинонтæм фæрæзтæ нæ фаг кæны, æмæ йын хъæуы баххуыс кæнын. Иннæ цæрæг радзырдта, царды цы зын уавæры бахауд, уый тыххæй, йæ бинонтæй ничиуал ис, йæхæдæг та 2-æм къпхæны инвалид. Битарты Вячеслав бахæс кодта сылгоймагæн материалон æххуыс бакæнын. Республикæйы сæргълæууæгмæ ма æрбацыдысты 2 æрыгон адæймаджы. Фæнды сæ хи куыстуæттæ байгом кæнын. Мызуры цæрæг радзырдта, фысымуат байгом кæныны хъæппæрис æм кæй ис, уый тыххæй. Црауы цæрæг амалхъом адæймаджы та фæнды хъæдæрмæджы куыстгæнæн цех фæуæрæхдæр кæнын.

Битарты Вячеслав ма байхъуыста иу къорд хъуыдымæ, баст сты нæ культурæйы райрæзтимæ. Æрдзырдтой æндæр ахсдиаг, лыггæнинаг фарстатыл дæр. Адæмы курдиæтты управленийы хицау Æлдаттаты Иринæйæн бахæс кодтой, алы хъуыддаджы фæдыл хаст куыд æрцæуа уынаффæ æмæ сæ хатдзæгты тыххæй фехъусын кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania