филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:37 суббота, 21 сентября 2024
31 июля 2019, 14:31
Нæ республикæйы транспорты нымæц бонæй-бонмæ рæзы

Фæлæ машинæтæ кæм æвæрой, ахæм сæрмагонд бынæттæ та фаг нæ кæнынц

Нæ республикæйы транспорты нымæц бонæй-бонмæ рæзы. Фæлæ машинæтæ кæм æвæрой, ахæм сæрмагонд бынæттæ та фаг нæ кæнынц. Арæх шофыртæ сæ транспортон фæрæзтæ ныууадзынц къахвæндæгтыл, стæй, кæм не мбæлы, ахæм æндæр бынæтты. Дзæуджыхъæуы администраци фарстайыл бакусыныл архайынц, фæлæ фаг куыст цæуы, æви нæ, уый тыххæй радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Дзæуджыхъæуы уынгты бонæй бон фылдæр кæны машинæты нымæц. Æрлæууæн бынæттæ сын кæй нæ фаг кæны, уый тыххæй иуæй иу шофыртæ сæ машинæтæ ныууадзынц, кæм нæ мбæлы, ахæм рæтты. Хи хæдзæртты хицæуттæ сауындзынц амонæн нысантæ, цæмæй сын сæ дуæртты раз машинæтæ ма æвæрой. Дуканиты хицæуттæ дæр афтæ – сæ машинæлæууæн бынæттæм æцæгæлонты нæ уадзынц.

Арæх шофырты æхсæн бацайдагъ вæййы тох. Быцæу кæнын райдайынц машинæтæлæууæн бынатыл. Зæгъæм, республикæйы клиникон рынчындоны раз къахбавæрæн нæ вæййы транспорттæй. Сæ фылдæр сты такситæ.

Машинæтæ алы рæтты кæй ныууадзынц, уый æвзæрыздæм зыны фæндаггон змæлдыл. Арæх машинæттæ сдзыгуыр вæййынц, æмæ уый хыгъд иннæтæн ацæуæн нал вæййы. Уавæр аивыны тыххæй Ленины уынджы сæвæрдтой фæндаггон нысан, цæмæй машинæтæ æрмæстдæр фæндаджы иу фарс æвæрой, уый тыххæй. Фæлæ фæндаггон нысаны амынд ницæмæ чи рдарынц, ахæм адæмтæ дæр, хъыгагæн разынынц.

Дзæуджыхъæуы хъуамæ саразой машинæтæн бирæуæладзыгон лæууæн бынæттæ. Ныридæгæн уал дзы иу райдыдтой аразын, фæлæ йæ цæмæй кæронмæ ахæццæ кæной, уымæн хъæуынц инвесторты фарсхæцт. Иу парковкæйы уыдзæнис æхсæзсæдæ бынаты. Фæлæ машинæты нымæц бонæй бон фылдæр кæй кæны, уый хыгъд гæнæн ис, æмæ ног арæзтæдты ахадындзинад бæрæг дæр нæ уыдзæнис.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania