филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:27 суббота, 21 сентября 2024
31 июля 2019, 14:34
Дзæуджыхъæуы сбæрæг кодтой хæлардзинады Бон

Йæ сæйраг нысан у – дунейы цæрæг адæмы ргом кæрæдзимæ раздахын, хæлар ахастдзинæдтæ парахат кæнын, æмæ кæрæдзийы культурæйæн аргъ кæнын

Дзæуджыхъæуы сбæрæг кодтой хæлардзинады Бон. Йæ сæйраг нысан у – дунейы цæрæг адæмы ргом кæрæдзимæ раздахын, хæлар ахастдзинæдтæ парахат кæнын, æмæ кæрæдзийы культурæйæн аргъ кæнын. Æрвылазон традицимæ гæсгæ, ацы бон арæзт фæцæуынц алыхуызон мадзæлттæ. Бæрæгбонмæ йе вæрæн бахастой Цæгат Ирыстоны хæлардзинады хæдзары кусджытæ дæр. Сæ мадзалмæ æрбахуыдтой бирæ уазджыты æмæ сын равдыстой зæрдæмæдзæугæ концерт. Сценæмæ рацыдысты нæ республикæйы сфæлдыстадон коллективтæ алы адæмыхæттыты традицион зарджытимæ æмæ кафтытимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania