01 августа 2019, 12:00
Уæрæсейы хъæууонхæдзарадон банчы цæгатирыстойнаг хайады раздæры директор Каджаты Тамерлан, коммерцион сусæгдзинæдтæ кæй парахат кодта уымæ гæсгæ йын Советон районы рахастой дзырдæй тæрхон
Ацы хъуыддаджы фæдыл ма цæуынц 5 адæймаджы.
Уæрæсейы хъæууонхæдзарадон банчы цæгатирыстойнаг хайады раздæры директор Каджаты Тамерлан, коммерцион сусæгдзинæдтæ кæй парахат кодта, æмæ йæ архайды закъоны сæрты кæй ахызт, уымæ гæсгæ йын Советон районы рахастой дзырдæй тæрхон. Ацы хъуыддаджы фæдыл ма цæуынц 5 адæймаджы. Уыдонæн дæр рахастой ахæм тæрхон. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2017-æм азы мартъийæ апрелы онг Уæрæсейы хъæууонхæдзарадон банчы цæгатирыстойнаг хайадæй фесæфт 59 милуан сомы.




