филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:12 воскресенье, 01 февраля 2026
01 августа 2019, 17:05
Æрдзхъахъхъæнынады æхсæнад Алагиры районы сарæзта рейд

Эксперттæ æркастысты фæлладуадзæн бынæтты сыгъдæгдзинады уавæрмæ. Сбæрæг кодтой 10 туристон бынатæй фылдæрмæ.

Æрдзхъахъхъæнынады æхсæнад Алагиры районы сарæзта рейд.
Эксперттæ æркастысты фæлладуадзæн бынæтты сыгъдæгдзинады уавæрмæ. Сбæрæг кодтой 10 туристон бынатæй фылдæрмæ. Майрæмадаг, Суадаг, Црау æмæ Алагиры ныронг уыдысты сыгъдæгдзинады зиутæ, фæлæ та сæ фылдæр бырæтты бын фесты. Фæлæ уæддæр æхсæнадон экспертты хъуыдымæ гæсгæ уавæр хуыздæрырдæм ивы. Цы аипдзинæдтæ бахынцтой, уыдон та ратдзысты районы администрацимæ. Фарста сæхимæ райстой коммуналон службæйы кусджытæ æмæ бархионтæ. Иннæ хатт æхсæнадон минæвæрттæ ацæудзысты Мæздæджы районмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania