Ацы хатт се ргом азæдхтой Дзæуджыхъæуы, Алагиры æмæ Беслæны фæндæгты уавæрмæ.
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты активон архайджытæ скодтой радон бæрæггæнæн куыст. Ацы хатт се ргом азæдхтой Дзæуджыхъæуы, Алагиры æмæ Беслæны фæндæгты уавæрмæ. Радон мониторинджы хатдзæгтæ адæмон фронт ратдзæнис профилон ведомствотæм æмæ йæ цæст дардзæн, амындтытæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ. Рейды тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.
Æрæджы дæр ма Гагкайы-фырты уынджы цæрджытæ хъаст кодтой сæ хæдзæртты раз фæндæгты уавæрыл. Бынтон заууат уавæры та уыдысты хæдзæртты кæртытæм бацæуæн фæндæгтæ. Фæстæдæр уыцы рæтты бамбæрзтой ног асфальт, фæлæ бацæуæнтæ рохуаты баззадысты.
Ацы районы бацæуæн фæндæгты уавæр тынг æвзæр у — зæгъынц шофыртæ. Арф дзыхъхъытæ къæвдабонты стыр зиан хæссынц машинæтæн.
Алагиры æмæ Беслæны фæндæгты æмбæрзтмæ дæр бирæ фаутæ ис æрхæссæн. Фæстаг инспекцийы рæстæг бынæттон хицауад аварион уаццагтæ бахаста 2019-æм азы фæндаггон пъланмæ. Ацы бонты та Æппæтуæрæсеон адæмон фронты активисттæ сбæрæг кодтой куыстыты цыд. Зæгъæм, Беслæны æвзæр уавæры уыдысты Сиговы æмæ Менделеевы уынгтæ. Дзæрæхохы-фырты уынжы цы асфальт уыдис, уый та бынтондæр баихсыд. Фæндаг аразгæйæ, специалисттæ нæ сæххæст кодтой паддзахадон стандартты домæнтæ, æмæ уый хыгъд дон æмбырд кодта фæндаджы былгæрæтты, стæй-иу бакалд хæдзæрттæм дæр. Радон мониторингы хатдзæгтæ адæмон фронт ратдзæнис профилон ведомствотæм æмæ йæ цæст дардзæнис, амындтытæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ.
Ныртæккæ пырх фæндæгты картæйыл ис дыууæсæдæ объекты. Уыдонæй цалцæггонд æрцыдысты æртын æхсæз.




