02 августа 2019, 15:15
Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц уæлдæфон десантон æфсæдты бон
Советон заманæй нырмæ нымад у хуыздæр æмæ раззагдæр æфсæддон хайыл.
Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц уæлдæфон десантон æфсæдты бон.
Советон заманæй нырмæ нымад у хуыздæр æмæ раззагдæр æфсæддон хайыл. Салдæтты сæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнын ахуыр кæнынц зæххы æмæ уæлдæфы. Йæ сæвзæрдæй нырмæ дзы бирæ службæгæнджытæ ис Ирыстонæй. Советон Цæдисы æмæ дзы Уæрæсейы хъæбатыртæ систы 53 ирыстойнаг десантникы. Минæй фылдæрæн та радтой æфсæддон ордентæ æмæ майдантæ. Абон райсомæй бæрæгбоны кадæн Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд дзуæрттимæ цыд. Уый фæстæ дидинджытæ сæвæрдтой Василий Маргеловы цыртдзæвæныл. Бæрæгбоны мадзæлттæ цæудзысты æнæхъæн бон.




