Нæ республикæйы цæрджытæ йæ хорз зонынц йе хсæнадон куысты фæрцы.
Йæ цардæй ахицæн экономикон наукæты доктор, профессор, Уæрæсейы Федерацийы наукæйы сгуыхт архайæг, хъæууон хæдзарады къабазы сгуыхт кусæг Басаты Барис.
Нæ республикæйы цæрджытæ йæ хорз зонынц йе хсæнадон куысты фæрцы. У бирæ наукон уацты æмæ монографиты, стæй 7 патенты автор. 1994-æм азæй фæстæмæ уыд Цæгат Ирыстоны Парламенты депутат. 2007-æм азы онг та – Хæххон паддзахадон аграрон университеты ректор. Уый фæстæ уыд уæлдæр ахуыргæнæндоны президент æмæ диссертацион Советы сæрдар. Уымæй дарддæр бирæ азты разамынд лæвæрдта æппæтадæмон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-æн. Йæ ахадгæ куысты тыххæй Басаты Барисæн лæвæрд æрцыд бирæ паддзахадон хæрзиуджытæ. Се хсæн: Адæмты Хæлардзинады Орден, Уæрæсейы агропромышленнон комплексы рæзты тыххæй сызгъæрин майдан. Сси Форум «Общественное признание»-йы лауреат. Йе нæзæрдæхудт фæллойæн ис бирæ аргъгæнджытæ. Уыимæ, канд нæ республикæйы нæ, фæлæ ма нæ бæстæйы бирæ горæтты дæр. Басаты Барисæн фæстаг фæндараст зæгъдзысты райсом.




