06 августа 2019, 17:15
Цæгат Ирыстонæй Меккæмæ хадзы ацыдысты 100 адæймагæй фылдæр
Бирæтæ дзы ацы цаумæ æнхъæлмæ кастысты цалдæр азтæ. Уырнæг адæммæ разæй æнхъæлмæ кæсы даргъ, зын æмæ цымыдисаг фæндаг.
Цæгат Ирыстонæй Меккæмæ хадзы ацыдысты 100 адæймагæй фылдæр.
Бирæтæ дзы ацы цаумæ æнхъæлмæ кастысты цалдæр азтæ. Уырнæг адæммæ разæй æнхъæлмæ кæсы даргъ, зын æмæ цымыдисаг фæндаг. Фæлæ пысылмон диныл хæст алы адæймаг дæр йæ хæсыл нымайы, ахæм ахсджиаг хъуыддаг сæххæст кæнын. Кæд йæ бон у, йе’нæниздзинад хъыгдард кæд нæу, æмæ йæм æхцайы фæрæзтæ дæр фаг ис, уæд. Кувæг адæм сæ хæдзæрттæм сыздæхдзысты мæйы кæрон. Ам сæм æнхъæлмæ кæсдзысты сæ хæлæрттæ, хæстæджытæ æмæ сыхæгтæ. Традицимæ гæсгæ, Хадзæй куы сыздæхынц, уæд вæййы стыр бæрæгбон – Хъуырман-Байрам.




