филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:23 суббота, 21 сентября 2024
12 августа 2019, 13:52
Абон у фæсивæды æппæтдунеон бон

Бæрæг æй кæнынц, 25 азы онг кæуыл цæуы, уыдон

Абон у фæсивæды æппæтдунеон бон. Бæрæг æй кæнынц, 25 азы онг кæуыл цæуы, уыдон. Æхсæнадон куыст чи кæны, æмæ наукæмæ чи тырны, ахæм æрыгон адæмы нымæц у зæххы къорийы цæрджытæн се ртыккаг хай. Фæсивæды бон баиу фæсивæдон форум «Машук»-ы æртыккаг бонимæ. Паддзахадон политикæйы фарстатыл æмæ æндæр ахсджиаг хъуыддæгтыл æрыгон хъæппæрисджын адæм æрныхас кодтой паддзахадон думæйы культурæйы комитеты сæрдары фыццаг хæдивæг Ольга Казаковаимæ, нæ бæстæйы Президенты администрацийы референт, Уæрæсейы хъæбатыр Алексей Романовимæ æмæ Паддзахадон думæйы физкультурæ æмæ спорты, туризмы æмæ фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрадры хæдивæг Таймазты Артуримæ. Абон та фæсивæдон форумы арæзт æрцæудзысты фембæлдтытæ Юрий Гагарины номыл центры космонват-фæлварæг Валерий Токаревимæ æмæ хæрзаудæн фонд «Диалог культур – единый мир»-ы президент, этнографион парк-музей «Этномир»-ы бындурæвæрæг Руслан Байрамовимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania