филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:12 воскресенье, 01 февраля 2026
12 августа 2019, 13:55
Ног цæрæнуат балхæнынмæ æхца чи бахаста æмæ сайд кæуыл æрцыди æрныхас кодтой Битарты Вячеслав æмæ арæзтады æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министр Владимир Якушев

Дыууæ бæрнон кусæджы ма æрдзырдтой программæ «Горæты æнцонвадат архайд» куыд æххæстгонд цæуы, ууыл

Ног цæрæнуат балхæнынмæ æхца чи бахаста, æмæ сайд кæуыл æрцыди, ахæм адæмы фарстатыл æрныхас кодтой Мæскуыйы кусæг балцы рæстæг Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Уæрæсейы арæзтады æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министр Владимир Якушев. Дыууæ бæрнон кусæджы ма æрдзырдтой программæ «Горæты æнцонвадат архайд» куыд æххæстгонд цæуы, ууыл. Битарты Вячеслав федералон министрæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй нæ республикæйы территорийы ис 7 фарстайаг объекты. Сæ арæзтадмæ æхца бахастой, сайд кæуыл æрцыди, ахæм фæлхасгæнджытæ, æмæ ныр цæмæй объекттæ кæронмæ арæзт æрцæуой, уый тыххæй хъæуы 1 миллиард æмæ 100 милуан сомы. Уымæ гæсгæ хорз уаид, Цæгат Ирыстон сæрмагонд регионты хыгъдмæ куы бахæссиккой, уæд. Кæронмæ лыггонд нæма рцыд иннæ ахсджиаг хъуыддаг дæр, ома ламидæттæй æмæ донивылдтытæй тæссаг районты чи цæры, уыцы адæмы æндæр рæттæм ракæныны фарста. Æдæппæтæй тæссаг районты цæры 940 адæймаджы. Нæ регионы разамонæг куыд загъта, афтæмæй сæ æдас ранмæ ракæныны тыххæй бахъæудзæн 769 милуаны æмæ 700 мин сомы. Битарты Вячеслав ма Владимир Якушевæн радзырдта ныртæккæ Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл парчы рацарæзт куыд цæуы, уый тыххæй. Архитекторты раз лæууы ахсджиаг фарста – парк сног кæнын æмæ йын йæ историон хуыз бахъахъхъæнын. Фæлæ æппæт куыстытæ фæуынмæ хъæуынц уæлæмхасæн субсидитæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania