филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:33 суббота, 21 сентября 2024
12 августа 2019, 13:56
Пысылмон диныл хæст адæм бæрæг кæнынц сæ кадджындæр бæрæгбæттæй иу Хъуырман-Байрам

Бæрæггнод фæцæуы Меккæмæ хадзы фæстæ. Дзæуджыхъæуы мæзджыты тæккæ райсомæй уыд бирæ адæм.

Пысылмон диныл хæст адæм бæрæг кæнынц сæ кадджындæр бæрæгбæттæй иу Хъуырман-Байрам. Бæрæггнод фæцæуы Меккæмæ хадзы фæстæ. Дзæуджыхъæуы мæзджыты тæккæ райсомæй уыд бирæ адæм. Уырнæг адæм иумæ скодтой ламаз, æмæ скуывтой Хуыцаумæ. Хъуырман-Байрам бæрæггнод цæуы Ураза-Байрамæй 70 боны фæстæ. Пысылмон диныл хæст адæм куыд зæгъынц, афтæмæй ацы бонты ахсджиаг у уд ссыгъдæг кæнын æмæ хæлар ахастдзинæдтæ парахат кæнын. Уымæй дарддæр фидардæр кæнынц бинонты ахастдзинæдтæ. Хъуырман-Байрам бæрæг кæнынц 3 боны. Дзæуджыхъæуы та архайдтой 3 мин адæймагæй фылдæр. Ацы аз Цæгат Ирыстонæй Меккæмæ хадзы ацыдысты 100 адæймаджы онг. Пысылмон диныл хæст адæмæн раарфæ кодта республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania