Фылдæр æргом здæхт æрцыди муниципалон бюджеты æфтиæгтæм
Битарты Вячеслав социалон-экономикон фарстатыл æрныхас кодта Æрæфы районы сæргълæууæг Хидирты Батрадзимæ. Фылдæр æргом здæхт æрцыди муниципалон бюджеты æфтиæгтæм. Республикæйы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, районы хи æфтиæгтæ рæзынц. Йæхи рдыгæй зæрдæ бавæрдта алывæрсыг æххуысæй. Кусæг фембæлды бæстонæй æрлæууыдысты проект «Хæххон Дыгургом» царды рауадзыны фарстатыл. Программæйы фæлгæты, туристон инфраструктурæйы объекттæм хъуамæ арæзт æрцæуа машинæты фæндаг. Уый фæрцы йæм адæмæн сæ бон цæуын уыдзæни афæдзы цыфæнды афон дæр. Уый иу, стæй инвестортæ дæр се ргом ацы бынæттæм раздахдзысты хуыздæр. Хидирты Батрадз арфæ ракодта республикæйы разамындæн, йæ ахадгæ æххуысы тыххæй. Муниципалон сконды сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй абон Æрæфы районы экономикон бындуры сæйраг æфтиæгтæ цæуынц хъæууон хæдзарадæй. Ног куыстуæттæ дзы кæй байгом ис, уый фæрцы дзы фæзынди уæлæмхасæн куысты бынæттæ дæр. Бæлвырддæр та – 2019-æм азы районы байгом маргъдарæн фабрикæ. Ацы аз фæнд кæнынц 60 тонны бабызы дзидза реализаци скæнын. Уымæй уæлдай дзы 2020-æм азмæ хъуамæ кусын райдайа хъæрмуатты комплекс, арæзт æрцæудзæн 20 гектарыл. 120 гектарыл та хъуамæ ныссадзой æхсæртæ. Проект Уæрæсейы кондитерон промышленносты ифтонг кæндзæн йæ продукцийæ.




