13 августа 2019, 17:30
Ацы аз зонындзинæдты бон нæ республикæйы бæрæг кæндзысты 4-æм сентябры
Фæлæ скъоладзаутæн ахуыры аз райдайдзæн 2-æм сентябры. Рæзгæ фæлтæримæ кæндзысты æмбарынгæнæн куыст.
Ацы аз зонындзинæдты бон нæ республикæйы бæрæг кæндзысты 4-æм сентябры. Фæлæ скъоладзаутæн ахуыры аз райдайдзæн 2-æм сентябры. Рæзгæ фæлтæримæ кæндзысты æмбарынгæнæн куыст. Семæ фембæлдзысты æхсæнады минæвæрттæ. Бабæрæг кæндзысты Беслæны мемориалон комплекс. Уымæй уæлдай архайдзысты лæгдзинады урокты. Ацы фарстайы фæдыл йæ хъуыдытæ загъта РЦИ-А ахуырады æмæ наукæйы министр Людмила Башарина.




