филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:09 воскресенье, 01 февраля 2026
14 августа 2019, 12:38
Битарты Вячеслав профилон министр Уазиты Хъазыбегимæ æрныхас кодта республикæйы хъæууон хæдзарады рæзтыл

Ведомствойы разамонæг куы радзырдта, афтæмæй хорз æнтыстдзинæдтæ ис лыстæг фос дарыны хъуыддаджы

Битарты Вячеслав профилон министр Уазиты Хъазыбегимæ æрныхас кодта республикæйы хъæууон хæдзарады рæзтыл. Ведомствойы разамонæг куы радзырдта, афтæмæй хорз æнтыстдзинæдтæ ис лыстæг фос дарыны хъуыддаджы. Афтæ фарон бантыст фысты нымæц дыууæ хатты фæфылдæр кæнын. Æмæ ныр сты 31 мин сæры бæрц. Ацы аз та сæ фæнд кæнынц 50 мины онг схæццæ кæнын. Уый, советон рæстæгимæ абаргæйæ, уыдзæн дыууæ хатты къаддæр. Æнтыстдзинæдтæ ис республикæйы аграрон кусджытæм дæр. Ацы аз æнхъæлмæ кæсынц хоры хъæздыг тыллæгмæ – иу гектарæй – 60 центнеры. Фарон та цæгатирыстойнаг аграрон кусджытæ сæмбырд кодтой 762 мин тоннæйы. Ацы аз сæ нысан кæнынц 800 минмæ схæццæ кæнын.

Битарты Вячеславы ма базонын фæндыд, республикæйы фермерон хæдзарæдтæн хъæрмуæттæ æмæ сæрмагонд кусæнгæрзтæ дæттыны хъуыддаг куыд цæуы, уый. Уазиты Хъазыбег загъта, 22 хъæрмуатæй ма хицау ссарын хъæуы æртæйæн. Хæстæгдæр рæстæг расиддзысты конкурсы æртыккаг къæпхæн. Æмæ уæд сбæрæг уыдзæн. Бæрнон фембæлды ма стыр æргом аздæхтой, «Картофы быдырты Æппæтуæрæсеон бонмæ». Уыдзæн 15-æм æмæ 16-æм августы. Йæ архайджыты суазæг кæндзысты куыстуат «Фат-Агро»-йы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania