филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:11 воскресенье, 01 февраля 2026
14 августа 2019, 12:39
Тускъаты Таймураз инспекцион балц скодта социалон объекттыл

Фыццаджыдæр федта Дзæуджыхъæуы арæзтадон фæзтæ

Тускъаты Таймураз инспекцион балц скодта социалон объекттыл. Фыццаджыдæр федта Дзæуджыхъæуы арæзтадон фæзтæ. Павленкойы уынджы сывæллæтты рæвдауæндоны аразынц уæлæмхасæн бæстыхай. Фылдæр бынæттæ фæзындзысты Барбашовы уынджы 107-æм рæвдауæндоны дæр. Ноджыдæр ма иу ахсджиаг социалон объект – 18-æм микрорайоны иумæйаг ахуырадон скъола. Премьер ма бабæрæг кодта республикæйы клиникон рынчындон, стæй Кировы, Рахизфарсы æмæ Мæздæджы районтæ. Кусæг балцы тыххæй бæлвырддæр – Гуытъиаты Алинæ.

Павленкойы уынджы цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты ацы арæзтадмæ. Æхсай фæндзæм рæвдауæндоны фæзындзæнис ног бæстыхай фæндзай фондз бынатæн. Ныридæгæн уал сфидар кодтой цæджындзтæ æмæ райдыдтой къултæ амайын. Арæзтады цыд сбæрæг кодтой хицауады уæнгтæ, сæ сæргъы Тускъаты Таймураз, афтæмæй. Аразджытæ куд загътой, афтæмæй бæстыхай сцæттæ уыдзæнис ацы аз зымæгмæ.

Барбашовы уынджы арæзтад ныртæккæ ис йæ тæмæны. Сæдæ æвдæм рæвдауæндоны ног агъуыст сцæттæ уыдзæнис фæззæджы. Ам байгом уыдзæнис æртæ къорды хæрз чысыл сабитæн

Национ проект Демографийы фæлгæты Цæгат Ирыстоны аразынц ног рæвдауæндæттæ, стæй уæлæмхасæн агъуыстытæ сæ бæстыхæйттæм. Программæйы нысантæй иу уыдис саразын æмбæлгæ уавæртæ æртæ азы кæуыл нæма цæуы, уыцы сабитæн.

Премьер-министр федта скъолатæ дæр. Куыстыты хæрзхъæддзинадæй баззадис разыйæ. Æппæт ахуыргæнæндæттæ дæр аразынц нырыккон домæнтæм гæсгæ. Фыццæгæм сентябры йæ дуæрттæ байгом кæндзæнис дыууадæсæм микрорайоны скъола. Сарæзтой йæ æмбал кæмæн нæй, ахæм проектмæ гæсгæ. Йæ разы йын сарæзтой фæлладуадзæн æмæ спортивон фæзтæ. Скъолайы ис бынат фондзсæдæ ахуыргæнинагæн. Уал скъоладзауы райсдзæн æстдæсæм микрорайоны скъола дæр. Æрмæст уыцы скъолайы арæзтад фæуыдзæнис иннæ аз.

Сбæрæг ма кодтой республикæйы тагъд æххуысы рынчындон. Ам цалцæг кæнынц сылгоймæгты æмæ ахсæны низты хайæдты бæстыхæйттæ. Бирæ азты уыдысты заууат уавæры. Хицауады уæнгтæ федтой æнæниздзинадхъахъхъæнынады æндæр объекттæ дæр. Зæгъæм, сывæллæтты клиникон рынчындоны инфекцион низты корпусы бынаты аразынц ног поликлиникæ. Ног комулæфт бауаддзысты соматикон корпусы зæронд бæстыхайы дæр.

Дзæуджыхъæуæй Тускъаты Таймураз араст ис Рахизфарсы æмæ Кировы районтæм. Ольгинскæйы премьер федта сывæллæтты дзæбæхгæнæн центр, Фарныхъæуы та культурæйы хæдзары бындурон цалцæг. Се ргом уæлдай тынгдæр аздæхтой Мæздæджы районы ахуырады объекттæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania