филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:25 воскресенье, 01 февраля 2026
14 августа 2019, 12:40
Форум «Машукы» знон уыд Цæгат Кавказы федералон зылды бон

Кадджын мадзалы архайдта нæ республикæйы разамонæг Битарты Вячеслав дæр

10-æм, юбилейон фæсивæдон форум «Машукы» знон уыд Цæгат Кавказы федералон зылды бон. Регионты делегацитимæ фембæлдысты УФ-йы Президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Александр Матовников æмæ регионты сæргълæуджытæ. Кадджын мадзалы архайдта нæ республикæйы разамонæг Битарты Вячеслав дæр. Форумы аныхас кодта ирон фæсивæдимæ. Уæвгæ та форумы Ирыстонæй архайынц 300 адæймаджы. Се ппæтæн дæр республикæйы сæргълæууæг загъта бузныджы ныхæстæ, ахæм ахадгæ куыст кæй кæнынц, уый тыххæй. Форумы тыххæй бæстондæр радзурдзæн Касаты Наирæ.

Ацы форум у юбилейон. Конд у дæсæм хатт. Архайы дзы 3 мин адæймагмæ хæстæг. Уыимæ, æрмæст Цæгать Кавказæй нæ, фæлæ Уæрæсейы æндæр регионтæй дæр, стæй хæстæг фæсарæнтæй. Цæгат Ирыстоны кад дзы хъахъхъæнынц 300 адæймаджы. Форумы фæзтæ сты цымыдисаг æмæ аив. Йæ архайджытæн быцæттæ кодтой алы уавæртæ æмæ фадæттæ. Фыццаг хатт Машукы сбæрæг кодтой Цæгат Кавказы федералон зылды бон. Бабæрæг æй кодтой сыхаг регионты разамонджытæ дæр. Форумы фæзы æвдыст æрцыдысты национ кæртытæ. Гранттæ райсыныл чи архайы, уыдон бацæттæ кодтой сæ презентацитæ. Сæ проекттæ сын царды рацадзынæн паддзахад радих кодта 100 милуан сомы. Стыр æргом дзы æздæхт цæуы экологийы темæмæ. Форумы ма равæрдтой фароны уæлахиздзауты проекттæ дæр. Фæсивæдæн дзы ис ахуырадон цæстуынгæ æрмæг. Уый сын стыр æххуыс у фидæны æрхъуыдыдзинæдтæ дæр.

Кæсæг балхъары студентты проект у æппæтæй актуалон дæр. Баст у экологиимæ.

Абон форумы архайджытæ хъахъхъæнын райдайдзысты сæ проекттæ. Адæм æппæтæй фылдæр се ргом кæмæ аздæхтой, уыдоны хсæн уыди цæгатирыстойнаг проект робототехникæйæ. Нымад у æппæтæй инновациондæрыл.

Форумы архайджытимæ фембæлд президенты æххæстбарджын минæвар Александр Матовников. Куыд загъта, афтæмæй федералон зылды реализацигонд цæуы 370 проектты, æдæппæтæй 8 миллиард сомæн.

Национ кæртытæ федта æмæ сын аргъ скодта республикæйы Сæргълæууæг дæр. Алы регион дæр уазджытæн бацæттæ кодта цацион æрмдæсныйады хуызтæ. Уый фæстæ Битарты Вячеслав аныхас кодта Цæгат Ирыстоны делегациимæ. Куыд загъта, афтæмæй республикæ хуыздæр проекттæ царды рауадзынæн баххуыс кæндзæн. Стæй арфæ ракодта фæсивæдæн, сæ ахадгæ куысты тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania