филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:08 воскресенье, 01 февраля 2026
15 августа 2019, 12:31
Абон Уæрæсейы археологтæ бæрæг кæнынц сæ профессионалон бон

Археологтæ кусынц иумæйаг арæнтыл газы хæтæл «Мæздæг-Грозна»-йы зонæйы

Абон Уæрæсейы археологтæ бæрæг кæнынц сæ профессионалон бон. Алы аз дæр æм сæхи цæттæ кæнын райдайынц рагагъоммæ. Бæлвырддæр та – йыл сæмбæлынц ног æнтыстдзинæдтимæ æмæ æркъæхтытимæ. Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы хæхты радон иртæстытæ кæны æппæтадæмон археологты къорд. Ацы бынæттæ зонгæ сты æппæт дунейы. «Æрмдæсныты горæт»-ыахуыргæндтæ иртасынц 10-гай азтæ. Æркъæхтытæ цæуынц 8 сæдæ кв метры фæзуатыл. Цы æрмæджытæ ссарой, уыдоны иу хай ратдзысты Цæгат Ирыстоны музейтæн. Рагзаманты иннæ æвдисæндартæ та аласдзысты дарддæр иртасынмæ. Иннæ экспедици та баиу кодта нæ республикæйы æмæ Цæцæны ахуыргæндты. Археологтæ кусынц иумæйаг арæнтыл газы хæтæл «Мæздæг-Грозна»-йы зонæйы.Ахуыргæндтæ ныридæгæн ссардтой 30 ингæны. Цæгат Ирыстоны археологон экспедицийы разамонæг Владимир Малашев куыд загъта, афтæмæй нæ эрæйы 3-аг æнусы фыццаг æмбисæй ссардтой бирæ культурон хæзнатæ. Цæгат Ирыстойнаг экспедици æркъæхтытæ кæны Мæздæджы районы, Цæцæны республикæйы минæвæрттæ та Надтеречныйы районы. Куыстытæ фæуын нысан кæнынц афæдзы кæронмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania