Ахæм нысан Дзæуджыхъæуы æмæ районты сæргълæуджыты раз сæрмагонд æмбырды сæвæрдта Битарты Вячеслав
Муниципалон скондты хъæуы ахадгæдæр кусын электрон тыхæн фиддонтæ æмбырд кæныны хъуыддаджы. Уæвгæ та коммуналон лæггæдтæн хъуамæ хæстæ ма уа. Ахæм нысан Дзæуджыхъæуы æмæ районты сæргълæуджыты раз сæрмагонд æмбырды сæвæрдта Битарты Вячеслав. Куыд загътой, афтæмæй фæстаг азмæ хъуыддаг ивы хуыздæрырдæм. Бæлвырддæр та йæ доклады куыстуат «Газпром межрегионгаз Владикавказ»-ы генералон директор Хъодзаты Алан куыд радзырдта, афтæмæй 1-æм августмæ иумæйаг хæс у 36 милуан сомы, фиддонтæ та фæфылдæр сты 31,3 проценты, æмæ ныр сси 96,1 процент. Зæгъæн ис, æмæ æппæт муниципалон скондтæ рацыдысты 100 проценты газы фиддонтæм. Фæлæ ис хæсджынтæ дæр. Уыдон сты Дыгуры, Рахизфарсы æмæ Мæздæджы районтæ. Хорз дæнцæг райсæн ис Æрæфы æмæ Кировы районтæй. Нæма ивы хъармдæттæг организациты уавæр. Сæ иумæйаг хæс у 2 миллиарды æмæ 96 милуан сомы. Мæздæджы районæй дарддæр фиддонты нымæц у 155 проценты, иннæтимæ хъæуы кусын.




