16 августа 2019, 17:20
Уæгъдибар хъæбысхæсты богал Багаты Алан уæлахиздзау сси дунеон ерысты юниорты хсæн
Арæзт æрцыдысты Таллины.
Уæгъдибар хъæбысхæсты богал Багаты Алан уæлахиздзау сси дунеон ерысты юниорты хсæн. Арæзт æрцыдысты Таллины.
Финалон фембæлды 92 килограммы категорийы Алан рамбылдта америкаг спортсмен Лукас Дэвисы. Цæгатирыстойнаг спортсменты хыгъды ма ис ноджыдæр 3 бронзæ майданы. Сæ хицæуттæ систы Хуыбылты Ален, Хæдарцаты Алик æмæ Куыдзойты Алан. Командон хыгъды та Уæрæсейы иугонд командæ ис фыццаг бынаты.
темæмæ гæсгæ