филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:07 суббота, 21 сентября 2024
19 августа 2019, 14:40
Цæмæн ахуыссыд æнусон арт Хъобаны?

Æрæджы апарахат хъусынгæнинаг, зæгъгæ Хъобаны фæсивæдæй хæстæй чи нал сыздæхти, уыдоны номыл хъæуы кæй байгом кодтой цыртдзæвæн æмæ дзы ссыгътой æнусон арт

Æрæджы апарахат хъусынгæнинаг, зæгъгæ Хъобаны фæсивæдæй хæстæй чи нал сыздæхти, уыдоны номыл хъæуы кæй байгом кодтой цыртдзæвæн æмæ дзы ссыгътой æнусон арт. Бæлвырддæр та уый уыди 2015-æм азы 31-æм майы. Фæлæ цас рæстæг рацыди, уый бæрæг нæу, æмæ цæмæдæр гæсгæ арт нал судзы. Цы у йæ аххосаг, уымæн бæстон дзуапп дæттынц бынæттон администрацийы дæр, стæй бæрнон куыстуæттæ дæр. Уавæр равзарыныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд, æмæ байхъусæм Гуытъиаты Алинæмæ.

Афтæ цыппар азы размæ дунейыл айхъуыст, Хъобаны Фыдыбæстæйы стыр хæсты хæстонæн цыртдзæвæн куыд багом кодтой, уый хабар. 2015 азы, æртын фыццæгæм майы дæсгай адæмтæ æвдисæн уыдысты, хъæбатырты номарынæн æнусон арт куыд ссыгътой, уымæн. Фæлæ хъыгагæн, цыппар азы фæстæ æнусон арт ахуыссыд.

Дыууæ къуырийы, дыууæ мæйы кæнæ та цыппар… Æнусон арт цас нæ судзы, уый базонын нæ бон не ссис. Нæ базыдтам, мемориалмæ газ цæуыннæ цæуы, уый æфсон дæр. Куыд сбæрæг ис, афтæмæй ацы хæдзары цæрынц лыгъд адæм. Æмбæлгæ гæххæттытæ сæм кæй нæй, уый тыххæй сæ бон нæу закъоны бындурыл газæй пайда кæнын. Уый хыгъд сæхæдæг баиу кодтой газы сæйраг хызмæ. Иудзырдæй, давтой артаг. Бынæттон администраци уый базонгæйæ æрæхгæдта хæдзармæ цы газ цыдис, уый. Уыцы иу рæстæг ахуыссыдис æнусон арт дæр….

Хъæуы хицауимæ разы не сты газы компанийы. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй æнæзакъонæй газы хызмæ баиу кæнын тæссаг у цæрджыты цард æмæ æнæниздзинадæн.

Цæрæнбынатæй сыстын кæй бахъæудзæн, уыцы бинонтæ тох кæндзысты сæ бартыл. Нæ къордимæ ныхас кæнын сæ нæ бафæндыд, æнхъæлмæ кæсынц адвокатмæ. Чысыл хъæуы æмбæлгæ фæтк сæвæрын фæнд кæны хъæуы хицау дæр. Фæлæ йæм ныр сæ цæст дардзысты газы къабазы кусджытæ. Цæй, афтæ дæр вæййы. Хъыгагæн, æрвылбоны фарстатæ лыг кæнгæйæ рохуаты аззайынц уымæй вазыгджындæр хъуыддæгтæ.

Куыддæр не сфæлдыстадон къорд райдыдта хъуыддаг æвзарын, афтæ Хъобаны уайтагъд ссыгътой æнусон арт. Газы компани радта æрдзон артаг, фæлæ уый размæ сбæрæг кодта, хиконд конструкци æдас у æви нæ, уый.

Хъобанæй хæстмæ ацыдис алы дыккаг цæрæг. Цыппорсæдæ хæстонæй фæстæмæ нал раздæхтысты нæуæдз фондзæй. Æнусон арт та сæ номыл суддзæн мыггагмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania