филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:28 суббота, 21 сентября 2024
20 августа 2019, 13:10
Зæрæмæджы ГЭСы донæмбырдгæнæны былгæрон зæххы 3 гектарæй фылдæр систы быцæйуаг

Раздæр территори уыд Цмийы хъæуы администрацийы бæрны

Зæрæмæджы ГЭСы донæмбырдгæнæны былгæрон зæххы 3 гектарæй фылдæр систы быцæйуаг. Раздæр территори уыд Цмийы хъæуы администрацийы бæрны. 10 азы размæ та, донивылдтытæ куы нæма рцыдысты, уæд зонæ банымадтой санитароныл, æмæ адæмæн зæххы хæйттæ радтой уæлдæр. Фæлæ та ам дæр сæвзæрд фарста. Алагиры районимæ сæрмагонд бадзырд бафысгæйæ, зæххы хай арендæйы райста кæсагдарæн хæдзарад. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Касаты Наирæ. 

Зæрæмæджы ГЕСы донæмбырдгæнæны цур 3 гектарæй фылдæры фæзуат у быцæйуаг. Ацы зæхх уыди Цмийы администрацийы бæрны. 10 азы размæ донивылдтыты размæ ардыгæй æндæр бынæттæм арвыстой 7 бинонты. Адæмæн бамбарын кодтой, домæ хæстæг зонæ санитароныл нымад кæй у, уый. Æмæ сын зæххытæ радтой гыццыл уæлдæр. Ныртæккæ фæзуат у арендæйы хуызы, нымад у кæсагдарæн хæдзарады исбоныл. Директормæ ис Алагиры районы администрациимæ бадзырд.

Балер кæсаг чи парахат кæны, уыцы куыстуат ис Зæрæмæджы донымбырдгæнæнтæм хæстæг. Сæ размæ ис хæс, сæ гæнæнтæ фæуæрæхдæр кæнын, стæй кæсаг ахсын чи уарзы, уыдонæн дæр уавæртæ скæнын. Уый тыххæй та бахъуыди доны иннæ былгæрон территори дæр.

Ацы территорий у санитарон зонæ. Бынæттон цæрджытæ дзы пайда кæнынц куыд хизæнуæттæ. Фæлæ тæрсынц, куы сын æй байсой, уымæй. Арендатортæ йæ хъавынц æрæхгæнынмæ.

Кæсагдарæн хæдзарады разамынд адæмæн зæрдæ вæры, куысты бынæттæ сын кæй ратдзæн, уымæй. Фæлæ, раст зæгъгæйæ, ууыл дæр адæм æххæстæй не ууæндынц.

Ацы территорийы ис хъæуы кувæндон дæр. Æрæджы йын йæ алыварс быруйæ æрæхгæдтой. Уымæн æмæ дзы иу æрбацæуæг адæм сæхи куыд æмбæлы, афтæ нæ дардтой.

Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, хæхты зæххытæ тынг баркадджын не сты. Фæлæ уæддæр сæ фыдæлты фæзуæттыл архайдтой хæдзарадон куыстытæ кæныныл. Зæгъæм, кодтой дзы картофы куыст. Ныр уавæр раздæрау нал у. Адæм æххуысагур бирæ хæттыты уыдыстты районы администрацийы. Не сфæлдыстадон къордæн Ддминистрацийы афтæ дæр дзуапп нæ радтой. Сæ ныхæстæм гæсгæ сæм адæмæй фыстæджы хуызы курдиат не рбацыди.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania