филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:51 суббота, 21 сентября 2024
20 августа 2019, 13:19
Цæгат Кавказы ахуырадон форум «Машук-2019»-ы кусын райдыдта дыккаг фæлтæр

Йæ лозунг у «Город – это я. Город начинается с нас».

Цæгат Кавказы ахуырадон форум «Машук-2019»-ы кусын райдыдта дыккаг фæлтæр. Йæ лозунг у «Город – это я. Город начинается с нас». Æрыгон проекттæ аразджыты раз лæууы – горæты уавæртæ фæхуыздæр кæныны хæс. Форумы архайджытæ ахуырадон фæзы анализ кæнынц сæ горæттæн, ома цас æнцон цæрæн дзы у, уый. Ныхас кæнынц культурон бынтыл, æххæст кæнынц практикон хæслæвæрдтæ. Ис сын бæлвырд нысантæ дæр. Се хсæн Пятигорскы кæсæн фæз саив кæныны тыххæй хъуыдытæ рахæссын. Дыккаг фæлтæры æппæт къабæзтæ баст сты æхсæнады æмæ адæмты хсæн ахастдзинæдтимæ: «ПроДружбу», «ПроДобро», «ПроНаследие», «ПроМедиа», «ПроГорода», «ПроРазвитие». Сæйрагдæр хæс – бамабрын кæнын фæсивæды проекттæ æмæ сæ архайд арæзт кæй сты сæ цæрæн бынат фæхуыздæр æмæ фæаивдæр кæнынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania