филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:00 суббота, 21 сентября 2024
21 августа 2019, 13:28
200 бирæсывæллонджын бинонтæй фылдæр æххуыс райстой ахуыры азы агъоммæ

Сывæллæттæн байуæрстой хызынтæ, канцтовартæ æмæ скъолайы формæ

«Сколамæ иумæ»- ахæм сæргондимæ акци бацæттæ кодта æхсæнадон адæмон фронты регионалон хайад. 200 бирæсывæллонджын бинонтæй фылдæр æххуыс райстой ахуыры азы агъоммæ. Сывæллæттæн байуæрстой хызынтæ, канцтовартæ æмæ скъолайы формæ. Ацы аз акцийы архайдтой амалхъом адæм æмæ алыхуызон æхсæнадон организацитæ, уыимæ хæрзаудæн фондтæ дæр. Йе ххуысы хай бахаста фæллойы æмæ социалон рæзты министрад дæр. Мадзалы ма рæзгæ фæлтæрæн байуæрсой алыхуызон адджинæгтæ дæр. Ныййарджытæн ахæм æххуыс у ахадгæ. Уæлдайдæр та, 4 сывæллонæй фылдæр цы бинонты ис, уыдонæн. Бæлвырддæр радзурдзæн Гутъиаты Алинæ.

Ног ахуыры азы райдианмæ къуырийæ фылдæр баззад, фæлæ Пухаты Валерий ныридæгæн йæхи цæттæ кæны. Куыд йæхæдæг, афтæ йе фсымæртæ дæр скъоламæ араст уыдзысты ног фыссæнгæрзтимæ. Сæ мад куыд зæгъы, афтæмæй иу сывæллоны скъоламæ сцæттæ кæнынмæ бахъæуы фынддæс мин сомы бæрц. Уыйбæрц æхца та Пухаты бинонты рæбыны нæй.

Скъоламæ дзауматæ Пухаты бинонтæн балхæдтой республикæйы амалхъом адæмы фæрцы. Сертифиикаттæ сын радтой бæрæгбоны уавæры. Уыдис дзы зарджытæ æмæ кæфтытæ, ирхæфстой сæ аниматортæ.

Иумæ скъоламæ — афтæ хуыйны, æппæтуæрæсеон адæмон фронт цы акци сарæзта, уый. Йæ фæлгæты баххуыс кодтой дыууæсæдæ бирæсывæллонджын бинонтæн. Сывæллæттæн байуæрстой скъолайы хызынтæ, фыссæнгæрзтæ, стæй физкультурæйæн уæлæдарæс. Акцийы архайдтой амалхъом адæм æмæ æхсæнадон организацитæ. Уыдонимæ хæрзаудæн фондтæ.

Акцимæ йе вæрæн бахаста фæллой æмæ социалон райрæзты министрад дæр. Ныййарджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы æххуысæн аргъ нæй. Уæлбай бузныг та сæ фесты, цыппæргай сывæллæттæ кæм ис, уыцы бинонтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania