филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:44 суббота, 21 сентября 2024
21 августа 2019, 13:34
Республикæйы сидзæр сывæллæтты хæдзæрттæй 16 хъомылгæнинаджы

Сывæллон райсыны размæ уал бинонтæ ацыдысты сæрмагонд ахуырадон курсытæ

Республикæйы сидзæр сывæллæтты хæдзæрттæй 16 хъомылгæнинаджы, уыдонæй 8 «Хуры тын»-æй ацы аз ссардтой ног бинонтæ. Уыдон сты æрмæст гыццыл сывæллæттæ нæ, фæлæ 18 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ дæр. Сывæллон райсыны размæ уал бинонтæ ацыдысты сæрмагонд ахуырадон курсытæ. 6 азмæ 700 адæймаджы райстой æвдисæндартæ, æмæ сын уый фæрцы ис сидзæр сывæллæттæн ныййарджытæ суæвыны бар. Фæлæ сывæллоны бинонты хсæнмæ райсæн ис æрмæстдæр сæрмагонд ведомствæтæ уынаффæ куы рахæссой, уæд. Сывæллоны чи райста, уыцы ныййарджытæ курсыты рæстæг фæархайынц медицинæйæ, психолдогийæ æмæ юридикон лекциты æмæ тренингты. Кæд сын сæхицæн сывæллæттæ ис, уæддæр æнæмæнгæй хъуамæ ацæуой, ахæм курсытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania