Раздæр æргом æмæ ахадгæ ныхас кодта Хъарман-Сындзыхъæуы культурæйы Галуаны
Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав радон фембæлд скодта Дыгуры районы хъæуты цæрджытимæ. Раздæр æргом æмæ ахадгæ ныхас кодта Хъарман-Сындзыхъæуы культурæйы Галуаны. Ацы хатт та фембæлд уыд Дур-Дуры. Бынæттон адæмимæ аныхас кæнынмæ ма хуынд æрцыдысты министртæ æмæ комитетты разамонджытæ. Се ппæт дæр бæстон байхъуыстой, цæрджытæ цæмæй тыхсынц, уымæ. Цалдæр фарстайы лыггонд æрцыдысты бынаты. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.
Дур-Дур нымад у æппæтæй стырдæр хъæуыл Дыгуры районы. Бынæттон клубы ацы хатт адæмæй къух бакæнæн нæ уыди. Республикæйы сæргълæууæгтимæ фембæлын бирæты бафæндыд. Уымæн æмæ цæуыл аныхас кæной, уый сын уыди. Зæгъæм, цалдæр уынджы нæй нуазыны дон. Кæд æмæ дыууæ азы размæ ам æххæстæй доны хызтæ аивтой, уæддæр.
Бынæттон цæрджытæ ма ракуырдтой, Дур-Дур Сырх Дыгуримæ чи бæдты, уыцы фæндагмæ базилын. Зын уаццаг у, æмæ ма дзы къуылымпытæ æвзæрын кæнынц дзыхъхъытæ дæр.
Уæвгæ, фæндæгты тыххæй бирæ дзырдтой ацы изæр. Стыр æргом аздахын хъæуы уынгтæм.
Битарты Вячеславæн сæ курдиаты тыххæй фехъусын кодтой хъæуы фæсивæд. Тыхсын сæ кæны, спорты Галуан сæм кæй нæй, уый. Ныртæккæ Дур-Дуры кусынц æрмæстдæр дыууæ секцийы. Æмæ уыдон дæр кусынц скъолайы спортивон залы. Уым та олимпаг спорты хуызтæн уæвæртæ æппындæр нæй. Стæй сæм нæй тренертæ дæр.
Донивылдтыты рæстæг фæндæгтæ дæр хъыгдард æрццæуынц, стæй уæлмæрдтæм цы хид цæуы, уый дæр. Бынæттон администраци сæм базилы, фæлæ фарста хъæуы бындуронæй алыг кæнын.
Тепсыхъоты Аленæ республикæйы сæргълæууæгмæ æрбацыд æххуысагур, æрыгон ныййарджыты номæй. Ома хъæуы нæй фæлладуадзæн бынат, сывæллæттæ та дзы бирæ ис.
Битарты Вячеслав зæрдæ бавæрдта сывæллæттæн ирхæфсæн фæз саразынæй, æмæ ма бахаста фæндон сквер саив кæныны тыххæй. Цогойты Альбинæ та фембæлдмæ æрбацыд Мусытздæхæй. Сылгоймаг ракуырдта сæ хъæуы культурæйы хæдзар саразын. Уымæн æмæ рæзгæ фæлтæры фæнды алыхуызон къордтæм æмæ секцтиæм цæуын.
Дур-Дуры лыггæнинаг фарстаты хсæн ма сты ахуыргæнæндæттæ дæр. Цы дыууæ скъолайы дзы ис, уыдон сты цалцæггæнинаг. Стæй ма цæуынц ныхæстæ, сæ иу сæхгæнынмæ кæй хъавынц. Æмæ уæд 30 ахуыргæнæджы баззайдзысты æнæ куыстæй. Ахуырады министрады минæвæрттæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй æппæт æмбæлгæ гæххæттытæ арвыстой федералон ведомствомæ. Чи зоны æмæ скъолаты цалцæг бахæсдзысты иннæ азы сæрмагонд программæмæ. Хъæуы ма нæй рæвдауæндон дæр. Уый бæсты дзы пайда кæнынц хуымæтæг цæрæн хæдзарæй. Ацы фарстамæ дæр æркæсынæй Битарты Вячеслав зæрдæ бавæрдта.
Фембæлды уыдысты министртæ æмæ комитетты разамонджытæ. Цалдæр фарстайы лыггонд æрцыдысты бынаты. Активонæй куыстой республикæйы сæргълæууæджы æххуысгæнджытæ. Официалон ныхасы фæстæ, традицимæ гæсгæ адæм Битарты Вячеславмæ адæм цыдысты сæхи фарстаты тыххæй.




