Ныртæккæ республикæйы ис 16 гектарæй фылдæр зæххытæ, ацы хъуыддаг райрæзын кæнынæн
Цæгат Ирыстоны бындуронæй райдыдтой хъæрмуатты комплексты хъæууонхæдзарадон культуртæ зайын кæныны куыст кæнын. Ныртæккæ республикæйы ис 16 гектарæй фылдæр зæххытæ, ацы хъуыддаг райрæзын кæнынæн. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы къабазмæ адæм афæдзæй-афæдзмæ се ргом здахынц фылдæр. Хи халсартæ кæдфæндыдæр вæййынц хæрзаддæр, зæгъынц арендатортæ. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, бынæттон продукцимæ фæлхасгæнæг дарддæр дæр йе ргом афтæ куы здаха, уæд уый хорзырдæм фæзындзæн Цæгат Ирыстоны экономикæйы райрæзтыл. Уымæй уæлдай, фермертæн ацы фарстайы баххуыс кæнынæй паддзахад æвæры ныфс. Конкурс чи ацыди, уыцы аграритæн ацы фæззæджы ратдзысты 22 хъæрмуаты. Республикæйы фермерты хъæрмуæттæй ифтонг кæныны хъæппæрис разынди Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеславмæ. Хъæрмуаты конструкци у 480 кв метры фæзуатыл, фермерæн æй пайда кæнынмæ раттынц лæвар. Газ æмæ дзы мидæгæй кусæнгæрзтæ та хæдзарады хицау сæвæры йæхи хардзæй. Ацы программæ республикæйы æххæстгонд цæудзæни 5 азы. Йæ сæйраг нысан у, регион бынæттон продукцийæ æфсадын.




