23 августа 2019, 17:10
Беслæны 2004-æм азы теракты амæттæгты номарынæн
Хуссар Ирыстоны Хицауады уæнгтæ хорзыл банымадтой республикæйы æнæном цадтæй иу «Мады цæссыг» схоныны хъæппæрис.
Беслæны 2004-æм азы теракты амæттæгты номарынæн.
Хуссар Ирыстоны Хицауады уæнгтæ хорзыл банымадтой республикæйы æнæном цадтæй иу «Мады цæссыг» схоныны хъæппæрис. Ис денджызы æмвæзадæй 3 мин метры уæлдæр. Цад у, чи ахуссыд, ахæм вулканы зонæ. Экологийы комитеты куыд загътой, афтæмæй дзы дон никуы бахус вæййы, стæй у иттæг сыгъдæг. Æмбал кæмæн нæй, уыцы æрдзон объект 2005-æм азы Хуссар Ирыстоны реабилитацийы рæстæг бабæрæг кодтой «Беслæны мадæлты» комитеты уæнгтæ. Уæд сæвзæрд цад номарæн скæныны хъуыды дæр.




