Дыууæуæладзыгон бæстыхай специалисттæ банымадтой кæлæдздзагыл, æмæ фæнд кæнынц адæмы æндæр хæдзармæ ракæнын, фæлæ уыцы хъуыддагимæ бирæтæ разы не сты.
Администраци æмæ адæмы хсæн сæвзæрд ныхмæлæуддзинад. Рахизфарсы районы Беслæны бæрнон кусджытæ æмæ БМК-йы районы хæдзæрттæй иуы цæрджытæн иу хъуыдымæ æрцæуын сæ бон нæу. Дыууæуæладзыгон бæстыхай специалисттæ банымадтой кæлæдздзагыл, æмæ фæнд кæнынц адæмы æндæр хæдзармæ ракæнын, фæлæ уыцы хъуыддагимæ бирæтæ разы не сты. Администраци цы уынаффæ рахаста, уый тыххæй адæм сæ хъуыдытæ не мбæхсынц, æмæ æххуысагур цæуынц дзуапдæттæг ведомствæтæм. Сæвзæрд уавæры тыххæй Касаты Наирæйы æрмæг.
Гулуты Кларæ ногарæзт хæдзары фатеры къамтæм кæсгæйæ йæ хъуыдытæ не мбæхсы. Ахæм ног цæрæнбынæттæм сæ раивынмæ хъавынц ныр 5 азы. Афтæмæй та, Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды службæ бæстыхай банымадта цæрынæн чи нæ бæззы, ахæмыл.
Саламаты Юрий дæр ахæм фатермæ рацæуыныл разы нæу. Фæлæ Гагарины уынджы цæрджыты фылдæр хай, ног хæдзармæ уæддæр ралыгъдысты. Уыцы рæстæг та зæронд фатертæ бирæ рæстæг нæ баззаыдысты афтидæй. Адæмы ныхæстæм гæсгæ ахæм бар радта администраци.
Адæм цы хæдзарыл тох кæнынц, уыцы хæдзар у 30-æм азты конд. Дыууæ уæладзыджы бæстыхайы ис 8 фатеры. Адæмы зæгъынц, йæ уавæр æвзæр нæу, зæгъгæ. Æрмæст хъæуы бæстыхайæн йæ сæр аивын. Уый хыгъд хæдзар Беслæны адсинистраци 2006-æм азы банымадта кæлæтдзагыл. Фæлæ йæ адæмæн фехъусын кодтой æрмæстдæр 7 азы фæстæ.
Ведомствæты хсæн къамисыл адæм нал æууæндынц. Уый нæ, фæлæ ма документы оригинал фенын дæр сæ бон нæу. Фæстаг хатт сæ тæрхондонмæ хонгæ дæр не рбакодтой. Цы уынаффæ дзы рахастой, уымæ гæсгæ, тæрхондон барвитдзæн фатертæн аргъ чи скæндзæн, ахæм специалистты.
Адæм сæ фатертæ ныууадзыны фæнд нæ кæнынц. Цæмæй программæйы домæнтæ кæронмæ æххæстгонд æрцæуой, уый тыххæй кæлæтдзагыл цы хæдзæрттæ нымад æрцыдысты, уыдон хъуамæ акалой. Фæлæ иу хъуыдымæ æрцæуын нырма къухы нæ бафтыди. Цæрджытæ курдиат цæттæ кæнынц прокуратурæмæ, бæрнон кусджытæ та документтæ цæттæ кæнынц тæрхондонмæ. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ ацы уавæрæн нырма йæ кæрон нæ зыны.




