Йæ цæхæрадоны нартхоры хъæды бæрзæнд у цыппар метры æмæ рдæг
2016-æм азы Уæрæсейы рекордты чиныгмæ бахауд Мæхъæлы республикæйы цæрæг. Уый æрзайын кодта, йæ дæргъ цыппар метры æмæ æстдæс сантиметры кæмæн у, ахæм нартхор. Ныр та уæрæсейаг æмвæзады ног рекорд сæвæрдта не мзæххон Хъæстуаты Игорь. Йæ цæхæрадоны нартхоры хъæды бæрзæнд у цыппар метры æмæ рдæг. Цæмæй йæ раст сбарой, уый тыххæй ма суанг рулеткæ дæр хъæдын фæйнæгмæ ныффидар кодтой. Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæхкусæджы кадмæ нæ бæллы. Фæлæ разы у, æнæхъæн афæдз йæ бинонтæ хи цæхæрадоны халсартæй æмæ дыргътæй æфсæст кæй уыдзысты, уымæй. Хи хæдзарады хицауимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæлвырддæр радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.
Хъæстуаты Игорь сæвæрда ног рекорд уæрæсейаг æмвæзады. Нартхоры хъæды бæрзæнд у цыппар метры æмæ рдæг. Цæмæй йæ раст сбарой, уый тыххæй ма суанг рулеткæ дæр хъæдын фæйнæгмæ ныффидар кодтой.
Ахæм æнтыстдзинад йæ къухы куыд бафтыд, уый зæгъын зæхкусæджы бон нæу. Йæ зæххы хай нырма æрæджы балхæдта, ныссагъта хуымзæххытæ, æмæ йæхицæн фидарæй скарста, химион хъацæнтæй кæй нæ пайда кæндзæнис, уый. Йæ хъуыды фæрæстмæ. Тыллæг рауад иттæг хорз.
Ахæм цæхæрадонмæ чи нæ бахæлæг кæндзæнис? Фынддæс квадратон метрыл æрбынат кодтой азиаг харбыз, неси, сау абрикос, члауи, æхсынцъы, бал, джитъритæ, нартхор æмæ пъæмидортæ.
2016-æм азы Уæрæсейы рекордты чиныгмæ бахауд Мæхъæлы республикæйы цæрæг – пенсиисæг Аббас Матиев. Уый æрзайын кодта, йæ дæргъ цыппар метры æмæ æстдæс сантиметры кæмæн у, ахæм нартхор. Дунеон рекорд та у дæс метры æмæ фæндзай сантиметры. Сæвæрдтой йæ Америкæйы. Хъæстуаты Игоры ныхæстæм гæсгæ, зæхкусæджы намысмæ нæ бæллы. Фæлæ разы у, æнæхъæн афæдз йæ бинонтæ хи цæхæрадоны халсартæй æмæ дыргътæй æфсæст кæй уыдзысты, уымæй.




