29 августа 2019, 17:05
Бæлццæттæласæн транспорты уавæр сбæрæг кæныны тæххæй абон рейдтæ цæуынц Æрыдоны
Автоинспектортæ кæсынц путевкæты документацимæ, шофырты фæллойы æмæ фæлладуадзыны фæтк куыд æххæстгонд цæуы, æмæ машинæты фыццаг æххуыс бакæнынæн хостæ ис, æви нæ, уымæ.
Бæлццæттæласæн транспорты уавæр сбæрæг кæныны тæххæй абон рейдтæ цæуынц Æрыдоны.
Автоинспектортæ кæсынц путевкæты документацимæ, шофырты фæллойы æмæ фæлладуадзыны фæтк куыд æххæстгонд цæуы, æмæ машинæты фыццаг æххуыс бакæнынæн хостæ ис, æви нæ, уымæ. Инспектортæм бирæ фарстатæ ис транспорты техникон уавæрмæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, салонты фылдæр хайы нæй зынгхуыссынгæнæн балонтæ. Ацы хатт шофыртæн скодтой дзырдæй фиппаинæгтæ, амæй фæстæмæ та сæм æнхъæлмæ кæсы административон ивартæ.




