филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:47 воскресенье, 01 февраля 2026
29 августа 2019, 17:00
17 адæймаджы, уыдонæй 5 сывæллæттæ алыхуызон цæфтæ баййæфтой, Стъараполы крайы цы фæндаггон фыдбылыз æрцыди, уым

Адлерæй Дзæуджыхъæумæ чи цыди, уыцы бæлццæттæласæн такси «Мерседес» райсомы 6 сахатмæ хæстæг скъуырдта уæзласæн машинæимæ.

17 адæймаджы, уыдонæй 5 сывæллæттæ алыхуызон цæфтæ баййæфтой, Стъараполы крайы цы фæндаггон фыдбылыз æрцыди, уым.

Адлерæй Дзæуджыхъæумæ чи цыди, уыцы бæлццæттæласæн такси «Мерседес» райсомы 6 сахатмæ хæстæг скъуырдта уæзласæн машинæимæ. Хъыгдардбаййафджыты тагъдæххуысы машинæйæ аластой Невиномысскы рынчындонмæ, æртæйы дзы баурæдтой уым. Паддзахадон автоинспекийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, «Мерседес»-ы шофыр æмæ бæлццæттæй иу сты тынг цæфтæ. Ныртæккæ бынаты кусынц сæрмагонд службæтæ, æмæ иртасын æппæт хъуыддæгтæ. Битарты Вячеслав республикæйы æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрадæн бахæс кодта, цæмæй не мзæххонтæн бакæной алывæрсыг æххуыс. Ведомствæйы скодтой хъыгдардбаййафджыты номхыгъд, байгом кодтой комкоммæ лини. Хæстæгдæр рæстæг сæм арвитдзысты машинæ. Транспорты министрады куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Адлерæй-Дзæуджыхъæумæ адæмы чи ласта, уый министрады бæрны куыстуæттæй нæу. «Шофыр куыста хибарæй, æнæ бардæттæг гæххæттытæй», – загътой ведомствæйы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania