филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:29 воскресенье, 01 февраля 2026
02 сентября 2019, 12:54
Беслæны дыккаг бон цæуынц саударæн мадзæлттæ

Мысынц, 1-æм скъолайы теракты чи фæмарди, уыцы æдзард сабиты, сæ ныййарджыты æмæ ахуыргæнджыты

Беслæны дыккаг бон цæуынц саударæн мадзæлттæ. Мысынц, 1-æм скъолайы теракты чи фæмарди, уыцы æдзард сабиты, сæ ныййарджыты æмæ ахуыргæнджыты. 15 азы рацыд, фæлæ зæрдæйы хъæдгæмттæ нæ байгас сты. Номарæн вахтæ куыд æрвылаз, афтæ ныр дæр ахæсдзæн цалдæр боны. Саударæн мадзæлттæ дæр цæуынц раздæры фæткмæ гæсгæ. 9 сахаты æмæ 15 минутыл райдыдта 1-æм скъолайы дзæнгæрæгæй. Æрбацæуджытæ дидинджытæ хæссынц спортивон залмæ. Ам 1-æй 3-æм сентябрьмæ уыдысты амынæты уæвæг сабитæ æмæ сæ хистæртæ. Трагедийы бынаты скодтой саударæн службæ дæр. Сæдæгай адæмтæ æрбацыдысты теракты амæттæгты ном æрымысынмæ. Дидинджытæ сæвæрдтой РЦИ-А Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Парламенты сæрдар Алексей Мачнев, депутаттæ, хицауады, тыхы структурæты æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ, бынæттон цæрджытæ. Æртæ боны вахтæ фæуыдзæн райсом, 3-æм сентябры. 13 сахаты æмæ 5 минутыл скъолайы кæрты азæлдзысты дыууæ дзæнгæрæджы. Уыцы рæстæг 15 азы размæ спортивон залы уыди фыццаг срæмыгъд. Минут æдзæмæй алæууыны фæстæ, арвмæ суаддзысты 334 урс шары. Уый фæстæ та адæм араст уыдзысты мемориалон уæлмæрд «Зæдты горæт»-мæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania