филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:41 воскресенье, 01 февраля 2026
02 сентября 2019, 13:00
Цæгат Ирыстоны цæрджытæ рацыдысты радон зиумæ, экологон марафон «Кавказы сыгъдæг былгæрæттæ» æххæст кæнгæйæ

Акци Цæгат Ирыстоны ахæсдзæн, цалынмæ нæ фæуазал уа, уæдмæ.

Цæгат Ирыстоны цæрджытæ рацыдысты радон зиумæ, экологон марафон «Кавказы сыгъдæг былгæрæттæ» æххæст кæнгæйæ. Паддзахадон æмæ муниципалон бюджетон къабазы кусджытæ, волонтертæ æмæ республикæйы экологон уавæрмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыцы адæм рацыдысты республикæйы цæугæдæтты былгæрæттæ ныссыгъдæг кæнынмæ. Марафон арæзт æрцыди æппæтуæрæсеон экологон акци «Вода России» æххæст кæнгæйæ. Ахæм мадзал цæуы ныр 6-æм аз, æмæ баиу кодта нæ бæстæйы 5 милуан адæмйаджы. Æрмæст фарон акцийы бацархайдтой 2 милуан волонтеры. Ныссыгъдæг кодтой сæдæгай доны объекты Уæрæсейы 85 регионы. Уыимæ ма сæххæст кодтой ног рекордтæ, куыд йæ архайджыты нымæцмæ гæсгæ, стæй ма цас бырæттæ сæмбырд кодтой, уымæ гæсгæ дæр, ома 2 милуан голладжы. Экологон акци «Вода России» арæзт цæуы Уæрæсейы æрдзон ресусрты æмæ экологийы Министрады хъæппæрисæй. Йе вæрæн æм бахæссынц доны ресурсты Федералон агентад. Ацы аз 300 волонтеры систы районты марафонты архайджытæ. Базылдысты Терк, Фыййагдон, Камбилеевкæ, Урух, Харез æмæ æндæр дæтты былгæрæттæм. Бархионты æмрæнхъ æрлæууыдысты журналисттæ дæр. Уæвгæ та марафон ацыди куыд Дзæуджыхъæуы, афтæ Мæздæджы, Горæтгæрон, Алагиры, Æрыдоны, Дыгуры, Æрæфы æмæ Рахизфарсы районты. Æмтгæй райсгæйæ, сæмбырд кодтой мин голладжы бырон. Акци Цæгат Ирыстоны ахæсдзæн, цалынмæ нæ фæуазал уа, уæдмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania