филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:35 воскресенье, 01 февраля 2026
03 сентября 2019, 13:21
2004-æм азы сентябры зындон сæхиуыл банкъардтой Хадыхъаты Зæлинæ æмæ Виктория Гусейнова

Кæд 15 азы рацыд, уæддæр сæ зæрдæйы хъæдгæмттæ нæ байгас сты

2004-æм азы сентябры зындон сæхиуыл банкъардтой Хадыхъаты Зæлинæ æмæ Виктория Гусейнова. Зæлинæ уæд йе фсымæримæ бахызт 8-æм къласмæ, Викæ та – 11-æммæ. Кæд 15 азы рацыд, уæддæр сæ зæрдæйы хъæдгæмттæ нæ байгас сты. Стæй, æвæццæгæн, нæ байгас уыдзысты. Афтæ растдæр у, зæгъынц чызджытæ. Цард цæуы, фæзæгъынц, фæлæ дарддæр ахæццæ уыдзæн райсом. Абон та у уыцы æнамонд сентябры æппæтæй зындæр æмæ зæрдæкъахæн бон. Чызджыты мысинæгты тыххæй – Касаты Наирæ.

Хадыхъаты Зæлинæ у æртæ сывæллоны амондджын мад. Иумæ ахуыр кæнынц ныв кæнын, фыссын, кæсын… Иннæ аз Зæлинæйы хистæр лæппу бацæудзæн фыццаг къласмæ. Йæ мадæн та ног ахуыры аз ныр 15 азы у чи нæ дзæбæх кæны, ахæм зæрдæйы хъæдгом.

2004-æм азы Зæлинæ йе фсымæрисæ бацыдысты 8-æм къласмæ. Уыцы трагикон бонтыл дзурын нæ уарзы… Фæлæ сæ ферох кæнæн та нæй.

Уæд уавæр æххæстæй не мбæрстон, зæгъы, Зæлинæ. Æрмæст рынчындонæй куы æрбацыди, уæд федта сыхаг сывæллæтты куыд ныгæдтой, уый… Бирæ азтæ йæ бахъуыди, цæмæй йæ рыст гыццыл фæмынæг уа.

Виктория Гусейнова 2004-æм азы уыди 11-æм къласы ахуырдзау. Чызгæн нæ бантысти 1-æм сентябрьмæ йæхи бацæттæ кæнын, æмæ линейкæмæ æрбацыди сау уæлæдарæсы.

Виктория хорз бахъуыды кодта йæ фарсмæ цы сывæллæттæ уыди, уыдоны цæгæмттæ.

Абоны онг йæ буары ис 18 схъисы. Сæрмагонд бортæй йæ аластой Мæскуымæ… Дыууæ мæйы фæци реанимацийы… Фæлæ Беслæны адæймаджы низты кой кæнын уæвгæ дæр ничиуал кæны, зæгъы Виктория.

Срæмыгъдæй гыццыл раздæр Виктория йæ хиуæттæм ныффыста фыстæг – загъта сын хæрзбон… Уымæн æмæ спортивон залæй æгасæй рацæудзæн, уый æнхъæл нæ уыди. Йæ фæстаг мысинæгтæ цыдысты, æгасæй чи баззади, уыдоны сæрмагонд службæтæ куыд агуырдтой, уый. Стæй ницыуал хъуыды кодта.

Ныр Виктория у дохтыр. Гæнæн æмæ амалæй архайы, цæмæй йе ххуысхъуаг чи у, уыдонæй алкæйы цур дæр балæууын.

Зæлинæ æмæ Виктория сты Беслæны теракты зындон сæхиуыл æххæстæй чи банкъардтой, уыцы сæдæгай адæмтæй. Фидæнмæ сæм ис бирæ фæндтæ æмæ бæллицтæ, сывæллæтты хъомыл кæнын. Æмæ архайын, цæмæй сабитæ цæрой сыгъдæг арвы бынмæ, уарзæгой адæмы хсæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania