филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:34 воскресенье, 01 февраля 2026
03 сентября 2019, 13:23
Беслæны кæронмæ æрхæццæ уыдзæн 3 боны саударæн вахтæ

Скъолайы кæрты абон райсомæй арæзт æрцыд саударæн службæ

Абон Беслæны кæронмæ æрхæццæ 3 боны саударæн вахтæ.

Скъолайы кæрты райсомæй арæзт æрцыд саударæн службæ. Абон Беслæны ис Уæрæсейы Президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Александр Матовников, Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр Сергей Чеботарев стæй Стъараполы крайы губернатор Владимир Владимиров. Æрвылазон традицимæ гæсгæ адæм цæуынц хъыггæнæн бынæттæм, семæ хæссынц дон æмæ судзынц цырæгътæ. Се хсæн – теракты хъыгдард чи баййæфта, уыдон, сæ хæстæджытæ. Фæлæ канд уыдон нæ, фæлæ ма Уæрæсейы æмæ æппæт дунейы зæрдæхæлар адæм дæр. 13 сахаты æмæ 5 минутыл скъолайы кæрты 2 хатты ныццæгъта дзæнгæрæг. Уыцы рæстæг спортивон залы æрцыд фыццаг срæмыгъд. Метрономы зæлтæм, минут æдзæмæй алæууыны фæстæ уæларвмæ суагътой 334 урс шары. Уый фæстæ адæм ацыдысты мемориалон уæлмæрд «Зæдты горæтмæ». Саударæн мадзæлттæ фæуыдзысты изæры 9 сахатыл. «Зæдты горæты» уæларвмæ суадздзысты гæххæттæй конд рухсгæнæнтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania