филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:11 воскресенье, 01 февраля 2026
13 сентября 2019, 17:10
Хъæбатыр ирон сылгоймаг Сæлбиты Верæ йæ Фыдыбæстæйы сæраппонд цы стыр хæрзты бацыди, уыдон зын ранымайæн сты

Æрыгон чызг уæвгæйæ, æрлæууыди знаджы ныхмæ, æмæ йе сгуыхтдзинæдты тыххæй йæ ном айхъусын кодта дæрддыл.

Хъæбатыр ирон сылгоймаг Сæлбиты Верæ йæ Фыдыбæстæйы сæраппонд цы стыр хæрзты бацыди, уыдон зын ранымайæн сты. Æрыгон чызг уæвгæйæ, æрлæууыди знаджы ныхмæ, æмæ йе сгуыхтдзинæдты тыххæй йæ ном айхъусын кодта дæрддыл. Уый о, фæлæ цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ рохуаты аззад. Хæсты рæстæг, уæды командæгæнджытæ гæххæттытæ бацæттæ кодтой, цæмæй Верæйæн радтой Советон Цæдисы хъæбатыры кадджын ном. Фæлæ хъуыддаг нæ сырæзыд. Абон Верæ не хсæн нал ис, æмæ йæ фæдонтæ архайынц, сæ кадджын хистæры ном сæнусон кæныныл. Патриотон клуб «Фыдыбæстæ» фæстаг цыппар азы кусы Сæлбиты Верæйы цардæрфыстыл. Хъарданты Тимур ын сбæрæг кодта йæ царды фæндаг хæсты заман, ссардта, йæ хъæбатырдзинадæн æвдисæндар гæххæттытæ, бацагуырдта йын йæ хæстæджыты. Семæ фемæбл не сфæлдыстадон къорд дæр, æмæ ныхасы бар Гуытъиаты Алинæйæн.

Сау æмæ урс ахорæнтæй фыст мысинæгтæ Сæлбиты Верæйы тыххæй. Ацы сылгоймаджы намысджын фæндаг чиныджы аккаг у. Зæгъæн ис æмæ йын хъысмæт саккаг кодта, цæмæй суа Советон Цæдисы фыццаг сылгоймаг хъæбатыр, Цæгат Кавказы иунæг минæвар уыцы кадджын хæрзиуæгимæ. Фæлæ, цард ныддæлæмæ-уæлæмæ кодта, æмæ хæрзиуæг йæ хъæбатыры не ссардта. Абон Баскаты Азæ йæ кадджын хистæры тыххæй мысы сæрыстырæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ иу, хæсты фæстæ Верæ арæх ссыдис Цæгат Ирыстонмæ. Алыхатт дæр иу уыдис æфсæддон уæлæдарæсы.

Йæ бон уыдис хъæбатыры ном райсын 1941 азы, Зоя Космодемьянскаяйы хæд размæ. Сæлбиты Верæ фронтмæ ацыдис йæ цардæмбалы фæстæ. Хуымæллæггаг чызг раст цыма æфсæддонæй райгуырдис, афтæ йæхи æнкъардта. Киевы æфсæддон училищæйы рауагъдон уыдис уæззау зондылхæст æмæ фидар зæрдæйы уагимæ. Чи зоны, æмæ уыцы миниуджыты фæрцы бафтыд йæ къухы Фыдыбæстæйы стыр хæсты райдиан хъæбатырдзинад равдисын.

Хъæбатыр ирон чызджы уайтагъддæр балæвæрдтой æппæты бæрзонддæр хæрзиуæгмæ. Бацæттæ кодтой гæххæттытæ. Фæлæ уæд хæст йæ тæмæны уыдис. Хæрзиуæг раттыны тыххæй хъæппæрис цы командæгæнæг балæвæрдта, уый уацары бахауд, æмæ документтæ фесæфтысты… 1942 азы Верæйы ногæй балæвæрдтой хъæбатыры ном райсынмæ. Фæлæ та уæд дæр хъуыддаг нæ фæрæстмæ.

Хæсты заман Сæлбиты Верæ уыдис Маршæл Жуковы бастдзинады вагоны разамонæг. Ныххæццæ суанг Берлинмæ. Хæсты фæстæ та йæ хъæбатырдзинад рохуаты баззад. Фæлæ йæ кæстæртæ куыд зæгъынц, афтæмæй Верæ суанг йæ фæстаг сулæфты онг æнхъæлмæ каст йæ хæрзиуæгмæ.

Патриотон клуб «Фыдыбæстæ» фæстаг цыппар азы кусы Сæлбиты Верæйы цардæрфыстыл. Хъарданты Тимур ын сбæрæг кодта йæ царды фæндаг хæсты заман, ссардта, йæ хъæбатырдзинадæн æвдисæндар гæххæттытæ, бацагуырдта йын йæ хæстæджыты. Уымæй уæлдай нæ бæстæйы президентмæ арвыста курдиат, цæмæй Днепры раз æвдай аст азы размæ цы цаутæ æрцыд, уый фæстæ Сæлбиты Верæйæн радтой йæ хæрзиуæг.

Клуб «Фыдыбæстæ»-йы номхыгъды ис, æнæ стъатыйæ чи баззад, ахæм дæсгай хъæбатыртæ. Се хсæн ис иу сылгоймаг — Сæлбиты Верæ. Йæ хъысмæтыл атылдис хæсты уæззау цалх. Йæ цардæмбал уыдис уацары, сывæллæттæ — сидзæрты хæдзары. Верæ та йæ райгуырæн бæстæ хъахъхъæдта. Хъарданты Тимур куыд зæгъы, афтæмæй æнæ æхсæнад æмæ республикæйы разамынды æххуысæй рæстдзинад базонын тынг зын уыдзæнис. Нырыккон истори зоны ахæм цаутæ дæр, фыдыбæстæйы хъахъхъæнджытыл сæ хæрзиуджытæ бирæ азты фæстæ куыд сæмбæлдысты, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania