Уæрæсейы таможнийы ног уагæвæрдмæ гæсгæ фæсарæйнаг номыртимæ машинæты хицæуттæ хъуамæ ныууадзой цъынды, йæ бæрц у машинæйы растаможкæ цас хъæуы, уый бæрц
Хуссар Ирыстоны номыртимæ машинæтæ кæмæ ис, уыдон Зæрæмæджы контролон уадзæн пункты сарæзтой ныхмæлæудзинад. Разы не сты ног уагæвæрдимæ. Сæ аххосæй сæ машинæтæ ныууадзын хъæуыХуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсемæ таксийæ рацæуын. Уæрæсейы таможнийы ног уагæвæрдмæ гæсгæ фæсарæйнаг номыртимæ машинæты хицæуттæ хъуамæ ныууадзой цъынды, йæ бæрц у машинæйы растаможкæ цас хъæуы, уый бæрц. Уый та къуылымпы кæны цæрджыты.Цæгатирыстойнаг пресс-службæйы куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй дзы къуылымпыдзинад нæй. Зæгъынц, кæд адæймаг æцæгæй дæр рæстæгмæ пайда кæндзæн йæ машинæйæ æмæ афойнадыл ахиздзæн арæнты сæрты, уæд йын йæ фиддон, ома цъынды раздахдзысты. Уымæ гæсгæ цъынды фидын хъæуы сæрмагонд хыгъдмæ гæсгæ.




