Ацы уазæг дæр нæ республикæмæ ссыди æрыгон политологты фыццаг форумы архайынмæ
Битарты Вячеславæн ма кусæг фембæлд уыди фæсивæды хъуыддæгты фæдыл Федералон агентады разамонæг Александр Бугаевимæ. Ацы уазæг дæр нæ республикæмæ ссыди æрыгон политологты фыццаг форумы архайынмæ. Йæ хъуыдытæ раргом кодта мадзалы тыххæй, æмæ загъта, ахадгæ æмæ цымыдисаг кæй у, уый. Ныгуылæн бæстæты политиктæ Уæрæсейы ныхмæ информацион тохы кæй æрлæууыдысты, уымæ гæсгæ, ахæм форумтæ махæн сты æнæмæнг. Фæсивæды хæстæгдæр фидæны хъæудзæни бæстæйы æхсæнадон-политикон уавæрыл бакусын, уыимæ, алыхуызæн цауты архайын. Стæй, ахæм хуызы фембæлдтытæ та хорзырдæм фæбæрæг уыдзысты нæ бирæнацион бæстæйы адæмты хсæн хæлар ахастдзинæдтыл дæр. Республикæйы Сæргълæууæг бузныг загъта, форум аразджытæн, æмæ зæрдæ бавæрдта ахæм мадзæлттæ кæнынæн амæй фæстæмæ дæр кæй æххуыс кæндзæни, уый тыххæй. Александр Бугаев ма бафиппайдта, Цæгат-Кавказы фæсивæдон форум «Машук»-ы Цæгат Ирыстоны делегаций уæлдæр æмвæзадыл кæй равдыста сæйæхи, уый. Уæ зæрдыл уын æй лæууын кæнæм, политологты форум «Дигория»-йы Уæрæсейы 55 регионæй архайы 150 адæймаджы. Кусынц ахуырадон, дискуссион æмæ культурон мадзæлтты. Бæстæйы хуыздæр политологтæ фæсивæды зонгæ кæнынц Уæрæсейы политикон процессы хицæндзинæдтимæ.




