филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:34 понедельник, 15 декабря 2025
20 сентября 2019, 15:39
Дзæуджыхъæу цæттæ кæнынц хъармæгæн рæстæгмæ

Горæты уынгты ивынц доны хæтæлтæ

Дзæуджыхъæу цæттæ кæнынц хъармæгæн рæстæгмæ. Горæты уынгты ивынц доны хæтæлтæ. Ацы бонты, инæлар Хетæгкаты Георгийы номыл уынджы, æвæрд цæуы йæ дæргъ 500 метры кæмæн у ахæм хæтæл. Куыстытæ хъуамæ фæуой ацы мæйы кæронмæ. 50 хæдзармæ базилдзысты подрядон организацитæ. Дзæуджыхъæуы администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй зæронд хæтæлтæ аскъуыдтæ сты, ногтæй та бирæ азты пайда кæндзысты. Æмтгæй райсгæйæ хæтæлтæ ивд цæудзысты хъармгæннæ рæстæг цалынмæ нæ райдайæ уæдмæ. Сæ куыст сног кæндзысты уалдзæджы. Цæрæнуæтты комуналон хæдзарады куыд зæгъынц, афтæмæй фæнд кæнынц горæты æппæт хæтæлтæ дæр баивын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania