Ног æвзæрстæ депутаттæй йыл схъæлæс кодтой 28 адæймаджы.
Икъаты Русланбег æвзæрст æрцыд Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæгæй – ома горæты минæвæрттæ æмбырды сæрдарæй. Ног æвзæрстæ депутаттæй йыл схъæлæс кодтой 28 адæймаджы. Æдæппæтæй та сты 30. Æмбырды Икъаты Русланбег ард бахордта. Йæ фыццаг хæдивæгæй æвзæрст æрцыд Александр Пациорин, Сæрдары хæдивджыт ма сты Сæлбиты Зитæ æмæ Бестауты Сослан. Сессийы фыццаг æмбырды уыд республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Уый раарфæ кодта горæты миæнæвæртты ног æмбырдæн æмæ загъта йæ зæрдæ кæй дары иумæйаг архайдыл
Сессийы рæстæг сбæрæг кодтой 6 сæрмагонд къамисы уæнгты. Сты: – «Бюджет æмæ экономикон политикæ», «Закъонæвæрынад æмæ бынæттон хиуынаффæйад», «Фæллой, социалон хъахъхъæнынад æмæ æнæниздзинад», «Наукæ, ахуырад, культурæ, фæсивæдон информацион политикæ æмæ спорт», «Муниципалон исбон æмæ горæты арæзтады разамынд», «Экологи, транспорт æмæ Цæрæнуæтты коммуналон лæггæдты хæдзарад»-ы комитеттæ.




