филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:01 воскресенье, 01 февраля 2026
24 сентября 2019, 12:48
Уæрæсейы энергетикæйы министр Александр Новак уæрæхгонд æмбырд сарæзта Дзæуджыхъæуы

Федералон центры минæвар фæбæрæг кодта Цæгат Ирыстоны хорз кæй сæххæст кодтой хицауады хæслæвæрдтæ ацы къабазы рæйрæзты фæдыл

Уæрæсейы энергетикæйы министр Александр Новак уæрæхгонд æмбырд сарæзта Дзæуджыхъæуы. Федералон центры минæвар фæбæрæг кодта Цæгат Ирыстоны хорз кæй сæххæст кодтой хицауады хæслæвæрдтæ ацы къабазы рæйрæзты фæдыл. Æмæ загъта алы архайд дæр хъуамæ ахадгæ уа адæмы цардыл. Нæ республикæйы дæнцæгыл бæрæг у, хицауад æмæ амалхъомады æмгуыстадæн хорз фæстиуджытæ кæй ис, уый. Уæрæсейы энергетикæйы министр дзырдта инвестицион райрæзты программæ æмæ республикæйы электрон хызты комплесы райарæзты тыххæй дæр. Битарты Вячеслав Александр Новак æмæ электрон хызты холдингы минæвæрттæн зæрдæ бавæрдта, республикæйы разамынд сын бирæвæрсыг æххуыс кæй ракæндзæн, уымæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania