филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:19 суббота, 28 сентября 2024
25 сентября 2019, 13:11
Йæ раздæры цардæмбал кардæй бирæ цæфтæ кæй ныккодта, уыцы 22 аздзыд чызг рынчындоны йæхимæ не рцæугæйæ йæ цардæй ахицæн

Гаджиты Регина иу къуыри фæци республикæйы клиникон рынчындоны

Райдайдзыстæм ахæм хабарæй. Йæ раздæры цардæмбал кардæй бирæ цæфтæ кæй ныккодта, уыцы 22 аздзыд чызг рынчындоны йæхимæ не рцæугæйæ йæ цардæй ахицæн. Гаджиты Регина иу къуыри фæци республикæйы клиникон рынчындоны. Уæ зæрдыл уын æй лæууын кæнæм, Тъехты Вадим 18-æм сентябры йæ раздæры цардæмбалмæ бацыди куыстмæ. Се хсæн быцæу куы рауади, уæд нæлгоймаг систа кард, æмæ дзы чызджы ныццавта 10 хатты. Уый фæстæ бынатæй алыгъди. Иу цасдæры фæстæ Тъехты Вадим йæхæдæг бацыди пъæлицæмæ, æмæ йæ уым баурæдтой. Ныртæккæ у ахст.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania