филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:16 суббота, 28 сентября 2024
26 сентября 2019, 12:53
Æппæтуæрæсейон адæмон фронт дарддæр йæ цæст дары Цæгат Ирыстоны брондæтты уавæрмæ

Сбæрæг кодтой Уæлладжыры комы Æрхоны цур брондон

Æппæтуæрæсейон адæмон фронт дарддæр йæ цæст дары Цæгат Ирыстоны брондæтты уавæрмæ. Сбæрæг кодтой Уæлладжыры комы Æрхоны цур брондон. Ам ис цæхгæр бакусинаг фарста. Ныр къорд азты тыхсын кæны хæстæгдæр хъæуты цæрджыты. Архайд ма цæуы Дзæуджыхъæуы Китайскимæ хæстæг Доны станцæйы цур брондон ссыгъдæг кæныныл. Цы мадзæлттæ аразынц, уый тыххæй радзурдзæн Гутьиаты Алинæ.

Æрхоны хъæуы бырондон Уæлладжыры комы фæзынд æхсай азы размæ. Æвваст æм куы фæкомкоммæ уай, уæд раст дæ зæрдæ бамæгуыр уыдзæнис. Куыд ис æнæзæрдæрыстæй кæсæн урс æмæ сау целлофанæй фæлыст бæлæстæм, бырæтты фæзтæм, хауæддзæгты цъымаратæм? Уæдæ сыгъдæг уæлдæф цы у, уый ацы ран раджы ферох кодтой.

Советон дуджы ам уыдис сæрмагонд бырæтты полигон. Ардæм ластой бырæттæ æппæт Уæлладжыры комæй. Абон ацы полигон у æнæзакъон. Йæ расыгъдæг кæныныл сæхи тыхтæй архайынц бынæттон цæрджытæ.

Æнæзакъон бырондонмæ æхсæнадон активисттæ сæ цст дарынц дыууæ азы. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, уыцы фарста алыг кæнын у регионалон операторы бон.

Нырма уал Æрхоны бырондоны фарста лыггонд не рцыдис. Регионалон оператормæ бадзурын та нæ сфæлдысдаон къорды бон не ссис.

Республикæйы сыгъдæгдзинадмæ цæст дарынц æхсæнадон организацийы фæсивæдон командæ. Иу æнæзакъон бырондон уал фесæфтой Дзæуджыхъæуы доны станцæйы.

Адæмон фронты экологон рейдтæ ацæудзысты республикæйы æппæт районты дæр. Æхсæнадон кусджыты интерактивон картæйы нысангонд ис дæсгай æнæзакъон бынрондонтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania