Уæдæй нырмæ адæмæн сси уарзон фæлладуадзæн æмæ спортæй архайыны бынат. Бирæтæ йæ хонынц Дзæуджыхъæуы «рæуджытæ», фæлæ ныр хъæд йæхæдæг у æххуысхъуаг.
Дзæуджыхъхæуы Сапитская Будка кæй хонынц, уымæн бындур æвæрд æрцыд ивгъуыд æнусы. Уæдæй нырмæ адæмæн сси уарзон фæлладуадзæн æмæ спортæй архайыны бынат. Бирæтæ йæ хонынц Дзæуджыхъæуы «рæуджытæ», фæлæ ныр хъæд йæхæдæг у æххуысхъуаг. 2016-æм азы тыхджын къæвдаты æмæ дымгæйы аххосæй бирæ бæлæстæ афæлдæхтысты. Чи баззад, уыдоны хсæн та ис хустæ æмæ рынчын бæлæстæ. Уымæ гæсгæ, ам цæуынц санитарон куыстытæ. Моргуаты Ладæ аныхас кодта специалисттимæ.
Хъæды мæргъты цъыбар цъыбуры бæсты ныртæккæ Сапиткийы будкæйы зæлы хырхфадæн. Специалисттæ æмбарын кæнынц, цы бæлæстæ бахуыс сты, уыдон цæмæй адæмæн зиан ма æрхæссой, уый тыххæй сæ хъæуы калын.
«Мин природы иумæйаг къамис скодтой æмæ сбæрæг кодтой цы бæлæстæ акалдтой уыдон.
Ацы хъæдæн бындур æвæрд æрцыд æнусы размæ. Уæдæй сси горæты цæрджыты уарзондæр фæллад уадзæн бынат. Ардæм цæуынц спортæй архайынмæ, хи ирхæфсынмæ æмæ сыгъдæг уæлдæфæй улæфынмæ. Фæлæ бæлæстæ калынц уый адæм куы федтой, уæд бирæтæ батыхстысты.
Ацы хъæд хъыгдæрд баййæфтой 2016-æм азы тыхджын дымгæ æмæ къæвда куы уыд, уæд. Бирæ бæлæстæ афæлдæхтысты æмæ сæхгæдтой къахвæндæгтæ. Уый фæстæ æрбахуыдтой Стъарапъолы специалисттæ. Уыдон сæрмагод кусæнгæрзтæй сбæрæг кодтой бæлæсты æнæниздзинад
Ацы æрмæг ист уыд 2017 æм азы, ацы азы. Фæлдæхт бæлæстæй хъæд ссыгъдæг кодтой, фæлæ нырма санитарон æгъдауæй акалын кæй хъæуы, ахæмтæ дæр бирæ.
Бирæ бæлæстæ канд хуыс не сты, фæлæ ма хæцгæ низтæй рынчын. Куы нæ сæ ссыгъдæг кæной, уæд та гæнæн ис æмæ иннæт бæлæстæ дæр хус кæнын райдайзысты. Фæзуат та нæ горæтæн у ахсджиаг, зæгъæн ис мæ йæ рæуджытæ, уымæ гæсгæ калдæ бæлслæсты бынаты ныссаддзысты ног талатæ.




