Федтой æнæзакъон бырондæттæ кæм ис, ахæм бынæттæ. Сæ иу Мичуринойы фосы хизæн бынæттæ.
Экологи æмæ цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады министрады кусджытæ, æрвылбоны коммуналон хауæтдзæгтыл кусæг регионалон оператор, стæй Адæмон фронты минæвæрттæ сарæзтой рейд. Федтой æнæзакъон бырондæттæ кæм ис, ахæм бынæттæ. Сæ иу Мичуринойы фосы хизæн бынæттæ.
Территорий сыгъдæг кодтой æнæхъæн мæй. Фæлæ æфснайæн куыстытæ абон дæр нæма фесты, зæгъы хъæуы хицау. Мичурины цæрджытæ сæ фос кæм хызтой, уыцы фæзуæтты сырæзти æнæзакъон бырондон. Æрвылбоны коммуналон хауæтдзæгты куыстгæнæг операторимæ иумæ рейдмæ рацыдысты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, экологи æмæ æрдзон æвæрæнты министрадты кусджытæ, стæй æппæтуæрæсейон адæмон фронты минæвæрттæ. Цалдæр ивары фæстæ территори сабыргай райдыдтой æфснайын. Ис мадзы ранæй-рæтты бырон, фæлæ дзы уæддæр у бирæ сыгъдæгдæр. Архайынц, сыгъдæгдзинад бахъахъхъæныныл. Фæзуаты алыварс скъахтой дзыхъхъ, цæмæй йæм адæм бырон ма хæссой, уый тыххæй.
Мичурины цæрджытæ зæрдæ дарынц, ног закъон куы ныффидар кæной, уæд уавæр кæй фæхуыздæр уыдзæн, ууыл. Æмæ æрмæст уый нæ. Сыгъдæгдæр хъуамæ уа æппæт республикæйы дæр. Æрвылбоны коммуналон хауæтдзæгтæ кусыны ног системæйы фæстæ бырæттæ ласыны лæггæдтæ цæрæнуæтты категорийæ рахызти коммуналонмæ. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ бырæттæ ласынæн хъуамæ арæзт уа иумæйаг фæтк. Лæггæдты аргъ кæй фæзынаргъдæр, уый йæ аргъ у, зæгъынц организацийы минæвæрттæ. Иннæ азмæ сæм ис ног полигон æмæ бырæттæ чи æвзардзæн, ахæм завод саразыны фæндон. Рагагъоммæ куыд снысан кодтой, афтæмæй уыдзысты Горæтгæрон районы.
Ногдзинæдтæ ис горæты бырæтты полигоны дæр. Ивддзинæдты райдиан уыди полигонмæ бацæуæны сæрмагонд барæн куы сæвæрдтой, уæд. Афтæмæй сбæрæг кæнын ис, фæзмæ бырæттæ цас æрбаласынц, уый.




