филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:44 воскресенье, 01 февраля 2026
02 октября 2019, 17:15
Æппæтуæрæсейон акцийы фæлгæты Уæрæсейы гвардийы цæгатирыстойнаг разамынды минæвæрттæ бабæрæг кодтой геронтологон центр

Ацы кусæнуаты ацæргæ адæмæн кæнынц алывæрсыг медицинон æмæ социалон æххуыс. Царды активон архайдæн сын аразынц фадæттæ.

«Нæ узæлдæй схъарым кæнæм зæрдæтæ». Æппæтуæрæсейон акцийы фæлгæты Уæрæсейы гвардийы цæгатирыстойнаг разамынды минæвæрттæ бабæрæг кодтой геронтологон центр.

Ацы кусæнуаты ацæргæ адæмæн кæнынц алывæрсыг медицинон æмæ социалон æххуыс. Царды активон архайдæн сын аразынц фадæттæ. 49 бригады оркестр æмæ Уæрæсейы Гвардийы ОМОНы минæвæрттæ сын сæ зæрдæтæ барухс кодтой сæ цагъдæй. Ахæм концерттæ дзы аразынц æрвылаз. Барадон оргæнты кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй бæрæгбæттæ хорз фæрæз сты хистæртæн кад кæныны хъуыддаджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania