филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:44 воскресенье, 01 февраля 2026
03 октября 2019, 10:05
Зынгсирвæзтыты æмæ донивылдтыты фæстиуджытæ аиуварс кæнын, стæй химион буаргъæдтæй уæлдæф ссыгъдæг кæнын

Республикæйы ацыдысты граждайнаг хъахъхъæнынады штабы ахуыртæ.

Зынгсирвæзтыты æмæ донивылдтыты фæстиуджытæ аиуварс кæнын, стæй химион буаргъæдтæй уæлдæф ссыгъдæг кæнын. Республикæйы ацыдысты граждайнаг хъахъхъæнынады штабы ахуыртæ. Æнæнхъæлæджы цаутæй хъахъхъæныны иумæйаг паддзахадон системæйы æмæ граждайнаг хъахъхъæнынады оргæнтæ бакуыстой æмгуыстады фарстатыл. Дыууæ боны тренировкты архайдтой алы сценартиæм гæсгæ. Зæгъæм, донывылдтыты рæстæг адæмы æдас ранмæ ракæнын куыд хъæуы, уый.

Æнæнхъæлæджы цауты министрады радио-химикон хъахъхъæнынады хистæр инспектортæ иуварс кæнынц аммиак кæй акалд, уый фæстиуджытæ. Ис сыл æхгæд сæрмагонд уæлæдарæс. Йæ уæз у дыууын килограммæй фылдæр. Химион буаргъæд кæдæм фæхæццæ, уыцы бынаты ис кусæн æрмæстдæр æртын минуты. Ирвæзынгæнджыты та бахъуыдис æрмæстдæр цыппар минуты.

Æдæппæтæй ахуырты архайдта дыууæсæдæ адæймаджы алыхуызон дæлхайæдтæй. Пайда кодтой техникæйы æртын хуызæй. Фæлæ ирвæзынгæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй æппæт техникон фæрæзтæ дæр æдых сты æцæг тæссагдзинады раз. Сæйрагдæр та у архайджыты иузæрдион æмгуыстад.

Сæ размæ цы нысан уыдис, уый дæлхайады кусджытæ сæххæст кодтой иттæг хорз. Регионалон хайады куыд загътой, афтæмæй ирвæзынгæнджытæ хъуамæ дарддæр дæр æвдисой ахæм бæрзонд æмвæзад.

Ахуыртæ сарæзтой граждайнаг хъахъхъæнынады æппæтуæрæсеон боны фæлгæты. Аразынц сæ æппæт Уæрæсейы. Уый размæ та æнæнхъæлæджы цауты министрады фæдисы къордæн уыдис ахуыртæ Мæздæджы районы. Уым та специалисттæ иуварс кодтой донивылды фæстиуджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania